Россельхознадзор сбӕлвырд кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй ис африкӕйаг емынӕ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæВспышка чумы
Вспышка чумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цы хуытӕ фӕцагъды сты ӕмӕ фӕрынчын сты, уыдон патологон ӕрмӕджы лабораторон сгӕрст сбӕлвырд кодта диагноз – африкӕйаг емынӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Россельхознадзор сбӕлвырд кодта Хуссар Ирыстоны кӕй фӕзынд хуыты африкӕйаг емынӕ (ХАЕ), республикӕйы Дзауы ӕмӕ Цхинвалы районты цыппар хъӕуы паталогон ӕрмӕг иртасыны фӕстӕ, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Августы райдианы республикӕйы Дзауы районы ӕбӕрӕг рын ныццагъта цалдӕр сӕдӕ хуыйы. Районы ветеринарон службӕйы развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хуытӕ мӕлынц африкӕйаг емынӕйӕ. Хуссарирыстойнаг ветеринартӕ арвыстой экспертизӕмӕ Стъаврополмӕ мард фосы уæфты фыццаг хуызӕгтӕ.

"Россельхознадзоры дӕлбар цӕрӕгойты ӕнӕниздзинады федералон центры ХАЕ-йы фӕдыл референтон лабараторийы, Хуссар Ирыстоны цы хуытӕ фӕцагъды сты ӕмӕ фӕрынчын сты, уыдон патологон ӕрмӕджы лабораторон сгӕрст сбӕлвырд кодта диагноз — хуыты африкӕйаг емынӕ", — хъусын кӕны Россельхознадзор.

Иртасыны тыххӕй патологон ӕрмӕг ӕмбырд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны Дзауы ӕмӕ Цхинвалы районты цыппар хъӕуы. Эпизоотологон басгӕрсты рӕстӕджы бӕлвырд ӕрцыд, ацы районты хӕдзарон хуытӕ кӕй скъуыйынц июль-августы мӕйты дӕргъы.

Хуссарирыстойнаг хъӕууон хӕдзарады министрады зонӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, Уӕрӕсейы хъӕууон хӕдзарады министрады нысан кӕнынц, ныридӕгӕн инфекцийӕ кӕй сыскъуыд 300-500 хуыйы.

Уавӕр ма зынвадат кæны уый, ӕмӕ рынчын ӕмӕ ӕнӕниз фос кӕй хизынц иу сӕрвӕты.

"ХАЕ-йӕ тӕссаг цы районтӕн у, уыдон республикӕйы ветеринарон службӕимӕ иумæйаг басгӕрсты рӕстӕджы лӕвӕрд ӕрцыд рекомендацитӕ инфекци ныннымӕг кӕныны ӕмӕ ХАЕ-йы ныхмӕ профилактикон мадзӕлттӕ ауадзыны тыххӕй", — банысан кодтой Россельхознадзор-ы.

Хуссар Ирыстоны африкӕйаг емынӕ фӕзынд 2010 азы кӕрон. Уӕд республикӕйы хуыйы мыггаг рын ныццагъта. Фӕстӕдӕр республикӕйы цӕрджытӕн африкӕйаг емынӕйӕ цы фос ныццагъды ис, уыдон ныхмӕ радтой фыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0