Хъӕууон хӕдзарады министрад бафидар кодта РХИ африкӕйаг емынӕйы уӕвынад

© Sputnik / Владимир Семенюк /  Ахизын медиабанкмæУничтожение свиней, заболевших свиной чумой
Уничтожение свиней, заболевших свиной чумой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Африкӕйаг емынӕ апарахаты аиуварс кӕныны нысанӕн ветеринартӕ сӕвӕрдтой хъӕуты дезинфекцион гӕрӕттӕ, сарӕзтой дезинфекци, фос цы агъуыстты вӕййынц, уым, хъӕууон хӕдзарады министрад та рӕстӕгмӕ сӕвӕрдта тобӕ Хуссар Ирыстоны ӕртӕ районӕй хуыйы фыд уӕй кӕныныл.

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министрад бафидар кодта Россельхознадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕ, хуытыл африкӕйаг емынӕ кӕй сыстад, фехъусын кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Августы райдианы республикӕйы Дзауы районы ӕбӕрӕг рын сыскъуыдта цалдӕр сӕдӕ хуыйы. Хуссарирыстойнаг ветеринартӕ арвыстой экспертизӕмӕ Стъаврополмӕ мард фосы уæфты фыццаг хуызӕгтӕ. Патологон ӕрмӕджы лабораторон сгӕрст сбӕлвырд кодта диагноз — хуыты африкӕйаг емынӕ.

"Ацы рын ӕрцыд нысан Дзауы, Цхинвалы ӕмӕ Знауыры районты цалдӕр хъӕуы. Хъӕууон хӕдзарады министрад исы ӕппӕт мадзӕлттӕ, цӕмӕй рын дарддӕр мауал апарахат уа ", — загътой пресс-службӕйы.

Уый нысанӕн ветеринартӕ кӕцыдӕр хъӕуты ӕвӕрынц дезинфекцион гӕрӕттӕ, Дзауы районы та фос цы агъуыстты вӕййынц, уыдон кӕнынц дезинфекци. Хъӕуы цӕрджыты ӕмӕ фермерты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ хуыты ма уадзой сӕрвӕттӕм, ӕмӕ сӕ дарой "ӕхгӕд бынӕтты".

Хъӕууон хӕдзарады министрады ветеринарийы управлени ӕрсидт хъӕуты администрациты сӕргълӕуджытӕм ӕмӕ районон ветеринарон службӕты кусджытӕм, цӕмӕй цӕрджыты ӕхсӕн уадзой ӕмбарынгӕнӕн куыст.

"Вирусмӕ зӕрдӕ ӕхсайыны ӕмӕ хуыты скъуыйыны рӕстӕджы фермертӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕной районон ӕмӕ республикон ветеринарон службӕтӕм. Хъӕусоветтӕ хъуамӕ аразой, хъӕуты цы хуытӕ ис, уыдон хыгъд. Цӕрджыты ӕхсӕн паникӕ ма ′руадзыны ӕмӕ вирусы ныхмӕ рӕстӕгыл цӕлхдуртӕ ӕрӕвӕрыны тыххӕй хъӕуы фадыгон милицийы кусджыты ӕххуыс дӕр, кӕцытӕ сӕвӕрдзысты бӕрн, фосы мӕрдтӕй фервӕзыны нысанӕн сӕ доны чи ныппары, ахӕмтыл", — загътой пресс-службӕйы.

Рынӕй цы фос сыскъуыдысты, уыдон хъуамӕ ӕрцӕуой сыгъд сӕрмагонд бынаты ӕмӕ ӕмбӕлон уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ныгӕд, банысан кодтой пресс-службӕйы.

Вспышка чумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Россельхознадзор сбӕлвырд кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй ис африкӕйаг емынӕ

Прафилактикӕйы нысанӕн, сӕрмагонд бардзырды онг тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд Цхинвалы, Дзауы ӕмӕ Знауыры районтӕй Хуссар Ирыстоны базарадон объектты хуыйы фыд уӕй кӕныны тыххӕй.

Африкӕйаг емынӕйы профилактикӕйы тыххӕй хъуамӕ ист цӕуой карз мадзӕлттӕ — фермӕты фос хицӕнтӕй дарыны фӕдыл, ӕндӕр хъӕуты фосимӕ контакт ма ′руадзын, фос иу бынатӕй иннӕмӕ хъуамӕ конд цӕуа ӕрмӕстдӕр районы ветеринарон службӕйы разыдзинадӕй.

Фыццаг хатт африкӕйаг емынӕ Хуссар Ирыстоны территоримӕ ӕрбахастӕуыд Гуырдзыстонӕй 2007 азы. 2010 ӕмӕ 2011 ӕзты Хуссар Ирыстоны африкӕйаг емынӕйӕ фосы ныццагъды фӕстиуӕгӕн, фермӕртӕн баконд ӕрцыд стыр зиан.

Адӕймагӕн ХАЕ ницы зианхӕссӕг у. Фосӕн вирусы ныхмӕ ницы хос ис. Рын ӕрлӕууын гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр карз карантинон мадзӕлттӕй — арӕныл карантинон посттӕ сӕвӕрын.

Ног хабӕртты лентӕ
0