Джиоты Мурӕт: Тбилис нӕ уадзы тасуадзӕг риторикӕ Хуссар Иры адресыл

© Sputnik / Диана КозаеваВстреча сопредседателей Женевских дискуссий
Встреча сопредседателей Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уынаффӕ кӕнынц Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл женеваг дискусситы радон раунды боны фӕткыл.

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстоны хицауад дарддӕр уадзы тасуадзӕг риторикӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ ӕмӕ алы фадӕттӕй архайы Хуссар Иры ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл сӕгад кӕнын, загъта ФХМ-ы сӕргълӕууӕг Джиоты Мурӕт Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл женеваг дискусситы ӕмсӕрдӕрттимӕ фембӕлдыл.

Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ФХМ: НАТО-йы ахуыртӕ Гуырдзыстоны ӕндыгъд кӕнынц уавӕр регионы

ООН, ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ дыццӕджы ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ, цӕмӕй хуссарирыстойнаг делегацийы уӕнгтимӕ ӕруынаффӕ кӕной женеваг дискусситы радон 38-ӕм раунды боныфӕткыл.

"Нӕ фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ регионы уавӕр у стабилон. Фӕлӕ иумӕйагӕй ис ӕппӕрццаг рецензитӕ уый фӕдыл, ӕмӕ Гуырдзыстон дарддӕр уадзы архӕйдтытӕ, кӕцытӕ карздӕр кӕнынц уавӕр регионы. Мах нӕ уынӕм къахдзӕфтӕ, кӕцытӕ сты дзурӕг ууыл, Гуырдзыстоны хицауад кӕй тырны Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ фӕхуыздӕр кӕнын", — загъта Джиоты Мурӕт.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, гуырдзиаг политикты дзыхӕй дарддӕр дӕр хъуысы тасуадзӕг риторикӕ, Тбилис та ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадыл ӕфтауы мӕнг хъуыдытӕ дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн арӕны фарстыты фӕдыл.

"Гуырдзыстон алыварсонӕй архайы мах сӕгад кӕнын, се ‘мбӕстӕгты ӕрдыгӕй нӕ арӕн халыны цаутӕ хуссарирыстойнаг хицауады ӕнӕзаконон архӕйдтытӕй ӕвдисгӕйӕ. Мах фидарӕй дзурӕм, кӕй нӕ хъавӕм Гуырдзыстоны территоримӕ ӕмӕ нӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу хатт дӕр кӕй нӕ фехӕлдтой йӕ арӕнтӕ. Мах цӕттӕ стӕм ахастытӕ ӕрнывыл кӕнынмӕ ӕмӕ стӕм ӕнӕдызӕрдыг нӕ иумӕйаг архӕйдтытӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты бирӕ фарстытӕ", — банысан кодта ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг.

Уый ма аздӕхта ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнылӕгты хъусдард уымӕ, ацы аз Гуырдзыстоны ӕртӕ хатты уагъд кӕй ӕрцыдысты НАТО-имӕ иумӕйаг ӕфсӕддон ахуыртӕ, кӕцытӕ практикон ӕгъдауӕй цӕттӕ кӕнынц Гуырдзыстоны ӕфсад агрессивон архӕйдтытӕм. Джиоты Мурӕт банысан кодта, ацы ахуыртӕ уадзгӕйӕ, Гуырдзыстон кӕй не ‘мбӕхсы йӕ реваншистон хъуыдытӕ.

Григорий Карасин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз фехъусын кодтой, Гуырдзыстон сӕ кӕй фӕлвары изоляци кæнын

"Уымӕ гӕсгӕ мах дарддӕр дӕр архайдзыстӕм ӕдасдзинад ӕмӕ арӕнтӕ сфидар кӕнын ӕмӕ уый ӕмрӕстӕджы фӕнд кӕнӕм документы бафыст ӕрдомын, кӕцы нын ратдзӕн гарантитӕ, Хуссар Ирыстоны кӕй нал сфӕлхатт уыдзысты 1989-1992, 2004 ӕмӕ 2008 ӕзты цаутӕ", — загъта Джиоты Мурӕт.

Евроцӕдисы минӕвар Герберт Зальбер сразы ис иумӕйаг уавӕры аргълӕвӕрдимӕ ӕмӕ банысан кодта, уый кӕй у женеваг дискусситы фӕстиуджытӕй иу, уӕлдайдӕр Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны механизмы.

Уый ӕмрӕстӕджы уый банысан кодта, раздӕры раунд йӕ хайадисджыты куыд фӕндыд, афтӕ кӕй нӕ ацыд, уымӕн ӕмӕ гуманитарон фарстытӕ цы дыккаг къорд скъуыддзаг кӕны, уымӕн нӕ бантыст йӕ куыст балхынцъ кӕнын.

Зальбер равдыста ныфс, радон раундмӕ быцӕудзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕудзысты иуварс ӕмӕ уый кӕй ацӕудзӕн ӕнтыстджындӕрӕй.

Дарддӕр ӕмсӕрдӕртты фембӕлд, традицимӕ гӕсгӕ, ацыд ӕнӕ дзыллон информацийы минӕвӕртты хайадистӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0