Хуссарирыстойнаг театры труппӕ ӕвӕры сабитӕн ног аргъау "Тæрхъусы амонд"

© Sputnik / Борис Приходько /  Ахизын медиабанкмæСцена из спектакля "Кошка которая гуляет сама по себе"
Сцена из спектакля Кошка которая гуляет сама по себе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ ирон фыссӕг Тъехты Уасилы уацмысмæ гæсгæ аргъауыл кусы театры труппæ режиссер Чилæхсаты Эдуарды сæргълæудæй.

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры актертӕ бавнæлдтой аргъау "Тæрхъусы амонд"-ыл кусынмæ, сфæлдыстадон къорд ныфс дæтты сабиты ног спектаклӕй бахъӕлдзӕг кӕнын февралы, загъта Sputnik театры пресс-секретарь Бекъойты Хох.

Спектакль 16 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сабиты ногазон аргъаумӕ хоны Хуссар Иры театр

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры репертуары аргъæутты нымæц бирæ нæу, цы дзы ис, уыдон та алы саби дӕр федта цалдӕргай хӕттыты.

"Тæрхъусы амонд" фæнд кодтам Ног азмӕ сæвæрын, фæлæ спектаклы уæлæдарæс ныффæстиат кодта хъуыддаг. Ныридæгæн ацы проблемæ дæр скуыддзаг æрцыд æмæ æввахс рæстæджы бавналдзысты репетицитæм. Аргъау хъуамæ рауайа хъæлдзæг ӕмӕ цымыдисон", — радзырдта Бекъойты Хох.

Уый ма бафиппайдта, аргъау кӕй ӕвӕры режиссер Чилæхсаты Эдуард зынгӕ ирон фыссӕг Тъехты Уасилы уацмысмæ гæсгæ. Архайдзæн дзы актертæ Бибылты Сослан, Пæррæстаты Дима, Чохели Натия, Мамиты Григорий æмæ æндæртæ, æдӕппӕт авд актеры.

Ног хабӕртты лентӕ
0