Сагкаты Валерийӕн йӕ мысæн концерты фӕрӕзтӕй Цхинвалы сӕвӕрдзысты цырт

© ВКонтактеВалерий Сагкаев
Валерий Сагкаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мысæн концерт "Живая Память"-ы хайад райсдзысты Ирыстоны дыууæ хайы зындгонд артисттæ.

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны зынгхуыст адæмон артист Сагкаты Валерийы амæлæтыл 25 азы сӕххӕсты бонмӕ арæзт æрцæудзæн хӕрзаудӕн концерт "Живая Память". Мысӕн мадзалы цы фæрæзтæ ӕрӕмбырд уой, уыдонӕй зарӕггӕнӕгӕн Цхинвалы сӕвӕрдзысты цырт, фехъусын кодта Sputnik организатортæй иу, РХИ драмтеатры актер Мамиты Григорий.

Зындгонд ирон зарӕггӕнӕг Сагкаты Валерий фӕмард 25 азы размӕ 16 февралы. Уӕд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн иунæг фæндагыл зæйы бын фесты 20 адæмагæй фылдæр, се ‘хсӕн номдзыд спортсмен Коцты Гри æмæ адæмон артист Сагкаты Валерий дæр. Валерийыл цыд 41 азы.

"Концерт хъуамæ ацыдаид 16 февралы Цхинвалы, ПККЗ "Чермен"-ы. Фӕлӕ нын зал нæ радтой, цалцæггæнæн куыстытӕ дзы цæуы, зӕгъгӕ. Фæстæдӕр рабӕрӕг, 14 февралы уым кӕй ацæудзæн æндæр концерт. Фӕлӕ уал концерт уагъд ӕрцӕудзӕн Дзæуджыхъæуы, Ирон театры агъуысты, дыккæгæм марты", — радзырдта Мамиты Григорий.

Уый ранымадта, мысæн концерт "Живая Память"-ы хайад кӕй райсдзысты Ирыстоны дыууæ хайы зындгонд артисттæ — Харебаты Вадим, Бестауты Диана, Бекъойты Вано, Дауыраты Эдуард, Тайсауты Олег, Фидарты Тамара, Хадыхъаты Алла æмæ æндæртæ.

Адӕмон инструменты  хор ӕмӕ оркестр Айзӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Айзӕлд" зонгӕ кӕны фӕсивӕды националон инструментты аив цагъдимӕ

"Хæрзаудæн концерты фæрæзтæ здæхт æрцæудзысты зынгхуыст зарæггæнæгæн Цхинвалы цырт сæвæрыны нысанмæ. Афтӕ ма мадзалы фæстæ Сагкаты Валерийы зарджыты æмбырдгонд рацæудзæн хицæн дискæй", — банысан кодта Григорий.

Культурæйы министрады та Sputnik фехъусын кодтой, цæттæ кæй сты ахæм æхсæнадон инициативæтæ æмæ проекттæ сæххæст кæнынæн баххуыс кæнынмӕ.

"Фæрæзтæ æрӕмбырд кæныны нысанæн ирон музыкалон культурæйы ирддæр минæвар Сагкаты Валерийы номарæн изæр ауадзыны фæндоныл сæмбæлдыстæм цымыдисимæ æмæ йæ фарсмæ балæууыдыстæм. Уыимæ иумæ хъусдард аздæхтам, кæй хъæуы горæты администрацимæ бахатын цырты бынаты фæдыл æмæ расидын хуыздæр эскизы конкурс сфæлдыстадон интеллигенцийы хсæн", — загътой культурæйы министрады.

Зарæггæнæг, композитор, поэт, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Сагкаты Алексейы фырт Валери райгуырд 14 январы 1951 азы. Уыд бирæнымæц конкурсты лауреат, архайдта зындгонд къорд "Айзæлд" æмæ легендарон ВИА "Бонвæрнон"-ы сконды. Зарæг "Мæ Ирыстон" Валерийы æххæстæй ссис адæмон гимн.

Сагкаты Валерийы ном хæссы Цхинвалы уынгтæй сӕ иу.

Ног хабӕртты лентӕ
0