Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн къуыри рæстдинонты бацӕттӕ кӕндзӕн Стыр комдарӕнмӕ

© Sputnik / Ада БагианКрещение
Крещение - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы къуыри рæстдинонтæ сæхи хизынц фыдызгъæлæй æмæ моралон æгъдауæй цæттæ кæнынц Стыр Комдарӕнмӕ. Цхинвалы Мад Майрæмы номыл аргъуаны ӕппынӕдзух цæудзысты динамындтæ, баныхастæ æмæ службæтæ.

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны райдыдтой Стыр комдарæнмæ цæттæгæнæн бонтӕ — Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн къуыри рӕстдинонтӕ сæхи хиздзысты фыдызгъæлæй æмæ моралон æгъдауæй цæттæ кæндзысты мархомæ.

"Ацы къуыри Мад Майрæмы аргъуаны Цхинвалы ӕппынӕдзух уадздзыстӕм Хуыцаумӕскуывдтӕ, динамындтæ. Афтӕ ма уадзӕм фембӕлдтӕ цӕрджытимӕ, ӕмбарын сын кæнæм Стыр комдарæны нысаниуæг, адæмы цайдагъ кæнæм сæ фырмонцытæ басæттын æмæ кадавар аходæнтыл хъæцын", — загъта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Иаков (Хетӕгкаты).

Динамонæг банысан кодта, Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн къуыри кӕй балхынцъ вæййы Хатыргæнæн хуыцаубонæй, уый фӕстӕ рӕстдинонтӕ бахизынц Стыр комдарæны.

Икона Серафима Саровского - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕдӕгай рӕстдинонтӕ Цхинвалы сӕхи бафӕдзӕхстой уаз Серафим Саровскийӕн

Фыд Иаков ма бацамыдта, рагзаманты ацы бонтæ ирон адæм куыд нысан кодтой, уый. Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн бонтӕ адæмы хсæн хуыдтой "Урсы къуыри". Ацы рæстæджы уыдон аходæн кодтой ӕрмӕстдӕр урсаджы хæлцадæй, уырдыгæй цæуы йæ ном дæр.

"Урсы къуырийы размæ ирон адæм нысан кодтой галæргæвдæнтæ,. Уыцы бонтӕм-иу рахастой, мархойы рæстæгмæ цы бæрæгбӕттæ хауд, уыдон æмæ-иу сæ æрвыстой цæлгæнгæ. Хъæзныг бинонтæ иу аргæвстой гал. Уый фæстæ та цыд урсы къуыри, уæд та фынгтыл уыд ӕрмӕстдӕр урсаджы хæлцад. Бинонтӕ ацы рæстæг архайдтой бæлццон æрбахонын фынгмæ. Уый фӕстӕ ирон адæм дардтой мархо, æрмæст ма-иу чысыл сабитæ уыдысты уæлбар, уагътой сӕ дзул атулын хæндыджы доны", — радзырдта фыд Иаков.

Стыр Комдарæн рæстдинонтæ ацы аз хæсдзысты 27 февралæй 15 апрельмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0