Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ: Кокойты Эдуард карз кӕны уавӕр

© Sputnik / Наталья АйриянЭдуард Кокойты
Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлдӕр тӕрхондоны раз экс президент ӕмӕ йӕ фарсхӕцджытӕ цы митинг ауагътой, уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны тыхон сруктурӕтӕ сарӕзтой фидиуӕн.

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нысан кӕнынц, "хуссарирыстойнаг ӕхсӕнады уавӕр кӕй фӕкарздӕр кодтой" экс-президент Кокойты Эдуард ӕмӕ йӕ фарсхӕцджытӕ, дзырдӕуы къуырисӕры республикӕйы тыхон структурӕты апарахатгонд хъусынгӕнинаджы.

Кокойты Эдуард ӕмӕ йӕ фарсхӕцджытӕ къуырисӕры ауагътой ӕнӕзаконон митинг Уӕлдӕр тӕрхондоны раз ӕмӕ ӕрдомдтой ЦӔК-ы ныхмӕ хъастмӕ ӕркӕсын, кӕцы сӕвӕрдта тобӕ экс-президенты президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл.

"Ӕндӕр кандидаттӕ ӕмӕ паддзахадон органты ныхмӕ ӕнӕбындур ӕмӕ ӕнӕзаконон зылыны тӕрхонтӕ раразмӕ гӕнгӕйӕ, уыдон сӕ разы ӕвӕрынц нысан, фӕстаг фондз азы афтӕ зынтӕй нӕ къухты цы консолидаци бафтыд, уый фехалын", — дзырдӕуы тыхон структурӕты хъусынгӕнинаджы.

Сотрудники МВД около здания Верховного суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милици хъахъхъӕны тӕрхондоны бӕстыхай, цыранмӕ ‘рбамбырд сты Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ

Документы ма нысан цӕуы, "бӕстӕйы райрӕзты ахсджиагдӕр этапыл ахӕм политикон цыбырдзаст ӕмӕ ӕнӕбӕрн ахаст ӕвзӕрын кӕны фау Хуссар Ирыстоны ӕнӕниз тыхты ӕрдыгӕй".

"Уӕлдай катайдзинад та ӕвзӕрын кӕнынц паддзахадон фæливындзинады ӕмӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ ӕнӕбындур ныхӕстӕ, уӕлдайдӕр та Уӕрӕсейы Федерацийы президенты администрацийы бӕрнон адӕймӕгты ныхмӕ ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ", — нысан кӕнынц хъусынгӕнинаджы автортӕ.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ фидарӕй дзурынц, законмӕ гӕсгӕ кӕй никӕй бауаддзысты бӕстӕ ӕркӕнын хаосмӕ, 2011 азы уавӕрмӕ — бӕстӕ ӕмбӕстагон хӕсты былыл куы лӕууыд, карзӕй иуварс кӕндзысты ӕнӕзаконон, ӕхсӕнады ныхмӕ фӕзындтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0