Матвиенко: Хуссар Иры æвзæрстыты хъуамæ фæуæлахиз уой адæм

© Пресс-служба парламента РЮОВстреча Валентины Матвиенко и Анатолия Бибилова
Встреча Валентины Матвиенко и Анатолия Бибилова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæскуыйы уыд фембæлд УФ Федерацийы Советы сæргълæууæг Валентина Матвиенко æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолийæн.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстон лæууы ахсджиаг къахдзæф саразыны къæсæрыл, æвзæрстытæ хъуамæ уагъд æрцæуой Конституци æмæ закæтты фæлгæтты, загъта УФ-йы Федсоветы сæргълæууæг Валентина Матвиенко Хуссар Ирыстоны парламенты сæргълæууæг Бибылты Анатолийимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны хуссарирыстойнаг парламенты пресс-службæ.

Фембæлд уагъд æрцыд æхсæнпарламентон æмæ æхсæнпаддзахадон æмгуыстады фæлгæтты, уынаффæ дзы кодтой фарстыты уæрæх спектрыл.

"Ацы æвзæрстыты рæстæджы сæйрагдæр уæлахиздзау хъуамæ суой адæм, уымæ гæсгæ адæм сæхдæг хъуамæ аскъуыддзаг кæной æмæ равзарой президенты", — загъта Матвиенко.

Уый ма равдыста ныфс, кæй фæуæрæхдæр уыдзæн фарстыты спектр дыууæварсон æмгуыстады фæлгæтты, сæрмагондæй та, закондæттынад æмæ фæсивæдон парламентаризмы фæлгæтты.

Сенатор Александр Тотоонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тотоонты Александр: Хуссар Иры хъӕуы президент-рацаразӕг

Бибылты Анатолий стыр бузныг загъта Валентина Иваны чызгæн, Уæрæсейы Федераци Хуссар Иры адæммæ цы хъусдард здахы, уый тыххæй.

Уый æрдзырдта Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Иры æхсæн таможнæйон системæ фæхуымæтæгдæр кæныны фарстыл.

"Таможнæйыл ахизын свæййы стыр проблемæ бынæттон фермерты хъæууонхæдзарадон продукци ласынæн", — фехъусын кодта спикер.

Бибылты Анатолий банысан кодта ахæм фарстыты ахсджиагдзинад, куыд республикæйы сæрмагонд экономикæ æмæ фиддонон базæ, кусæгон бынæтты сырæзт, афтæ ма ирон фæсивæдæн Уæрæсейы раттын фадат сахуыр кæнын, республикæйы сæндидзын æмæ райрæзтæн ахъазгæнæг дæсниæдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0