Бибылты Анатолий парламенты спикеры æххæстбартæ суæгъд кæндзæн дыццæджы

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæИзбранный президент Южной Осетии Анатолий Бибилов, архивное фото
Избранный президент Южной Осетии Анатолий Бибилов, архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий, Хуссар Ирыстоны равзæрстгонд президент, ратдзæн официалон æгъдауæй йæ депутатон мандат

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты ног сæргълæууæг равзæрст æрцæудзæн, Бибылты Анатолий официалон æгъдауæй президенты бынатмæ куы бахиза, уый фæстæ. Парламенты сессийыл 18 апрелы Бибылты Анатолий йæхи ацух кæндзæн спикер æмæ депутаты æххæстбартæй, загъта Sputnik закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся.

9 апрелы Хуссар Ирыстоны ацæугæ президентон æвзæрстыты фæуæлахиз Бибылты Анатолий, кæцы 2014 азæй фæстæмæ уыд республикæйы закондæттæн органы сæргълæууæг. Ног президенты инаугураци уыдзæн 21 апрелы, фыццаг хатт мадзал ацæудзæн республикон стадионы.

"Райсом парламенты сессийыл Бибылты Анатолий суæгъд кæндзæн куыд спикеры, афтæ депутаты æххæстбартæ, уымæн æмæ президентæн нæй бар парламенты депутат, науæд та исты политикон парти æмæ æхсæнадон организацийы уæнг уæвын. Уымæ гæсгæ, уый æнæмæнгæй инаугурацийы агъоммæ хъуамæ суæгъд кæна йæ æххæстбартæ æмæ радта йæ депутатон мандат", — загъта Коцты Олеся.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног спикер равзарыны фарст скъуыддзаг цæудзæн президенты инаугурацийы фæстæ, райсомы сесийы боны фæткы та ацы пункт нæ лæууы. Бибылты Анатолий йæ æххæстбартæ куы суæгъд кæна, уæд парламенты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн фыццаг спикер Мамиты Инал.

Коцты Олеся банысан кодта, ног спикер равзарыны рæстæгæн кæй ницы гæрæнтæ ис.

Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: мæ командæ арæзт уыдзæн бынæттон профессионалтæй

"Нæ хъуыдымæ гæсгæ, парламентæн нæй гæнæн æмæ бирæ рæстæг уа æнæ сæргълæууæгæй, кæцыйыл æвæрд ис бæлвырд æххæстбартæ. Фæлæ растдæр уаид, æмæ нырма президент куы бацæуид йæ бынатмæ, уый фæстæ та равзæрст æрцæуид ног спикер", — загъта спикер.

Уый бамбарын кодта, парламентон партитæн кæй ис фадат спикеры бынатмæ сæ кандидатурæтæ раразмæ кæнын, "фæлæ уый æнæмæнг хъуыддаг нæу, кандидатурæтæ æрбавдисынц депутаттæ æмæ депутатон баиугæндтæ".

"Кандидатты нымæцæн гæрæнтæ нæй, хъуыддаг ис æрмæстдæр уый мидæг, депутаттæ се 'ууæнк кæуыл бафтаудзысты. Ног спикер æвзæрст цæуы сусæг хъæлæсæппæрстæй, иу кæнæ аннæ кандидатурæ хъуамæ райса депутатты фылдæр хайы хъæлæстæ, ома 18 хъæлæсы 34-æй. Кæд искæцы кандидатурæ нæ райса депутатон корпусы хъæлæстæ, уæд аннæ хъæлæсæппæрсты рæстæджы спикер суыдзæн, фылдæр хъæлæстæ чи райса, уый", — загъта Коцты Олеся.

Парламенты кадрон бынативдтыты тыххæй дзургæйæ та уый загъта, зæгъгæ "спикерæн уыдзæн бар ахæм фарстытæ скъуыддзаг кæнын, ис ын бар комитетты разамонджыты фæдыл йæ æнхъарæнтæ зæгъын, фæлæ уынаффæтæ фидарæй хъуамæ уой бындурæвæрд".

Ног хабӕртты лентӕ
0