Хуссар Ирыстоны историон цыртдзæвæнтæ иууылдæр домынц реставраци

© Sputnik / Ада БагианНачальник отдела охраны памятников Нелли Табуева
Начальник отдела охраны памятников Нелли Табуева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1,5 минæй фылдæр историкон цыртдзæвæны, фæлæ республикæмæ нырма нæй фæрæзтæ сæ реставрацийæн. Цыртдзæвæнтæ æмæ историкон бынæтты бон культурæйы министрад ауадзы æрвылазон тематикон конференцитæ

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстоны культурон æмæ историкон цыртдзæвæнты сæндидзын нæу хаст 2017-02018 азтæн Инвестпрограммæмæ, уый фæдыл рахицæнгонд не рцыдысты æхцайы фæрæзтæ, загъта Sputnik Культурæйы министрады цур цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады гæс Табуты Нелли.

Сыгъдæг Георгий Кавтинаджы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыртдзæвæнты бон Хуссар Ирыстоны: цыт кæнын æмæ хъахъхъæнын

"Мах бадæттам куырдиат Инвестпрограммæмæ, куыстытæ цы цыртдзæвæнты фæдыл хъæуы сæххæст кæнын, уыдон номхыгъдимæ, фæлæ фæрæзтæ нæй. Нæ республикæйы иу цыртдзæвæн дæр нал баззад ахæм, цалцæг чи нæ домы. Нæ хайадæн исты фиддон фыст куыддæр æрцæуы, афтæ та æвиппайды æрæвналæм, кæлæддзаг уавæры цы цыртдзæвæнтæ ис æмæ ма бирæ хæрдзтæ чи нæ домы, ахæм нысаниуæгджын цыртдзæвæнтæ реставраци кæнынмæ", — загъта Табуты Нелли.

Абоны конференци уагъд æрцыд Дзауы поселочы.

Табуты Неллийы ныхæстæм гæсгæ, министрад аскъуыддзаг кодта ауадзын цæугæ конференци, "цæмæй аздаха администрацийы хъусдард районы территорийыл уæвæг историкон цыртдзæвæнтæм".

"Ацы аз мах сарæзтам акцент тобæгонд бынæттыл. Иууыл тынгдæр нæ мæты æфтауы тобæгонд архитектурон-историкон бынат, кæцы нæ фæнды æрбайгом кæнын Дзауы районы. Нæ бæстæйы нæй иу тобæгонд архитектурон-историкон бынат дæр, Абхазы та, зæгъæм, сты 26", — банысан кодта Табуты Нелли.

Ног хабӕртты лентӕ
0