Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл

© Sputnik / Руслан ТадтаевДерево упало на машину
Дерево упало на машину - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр нæзы бæлас нæ баурæдта тыхдымгæйы футтытæ, бынаты кусынц УУМ-ы кусджытæ

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Октябры уынгыл Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл, амæттæгтæ æмæ дзы зиæнттæ нæй, загътой Sputnik УУМ-ы.

Хуыцаубоны æнæхъæн Хуссар Ирыстон баззад æнæ рухсæй тыхдымгæйы аххосæй, кæцы бахъыгдардта кодта электрохызæджы хаххытæ. Къуырисæры дæр ракодта дымгæ бон.

"Машинæ уыд урæд Октябры уынгыл. Амондæн, автомобилы салоны ничи уыд, цау ахицæн æнæ зиæнттæй", — загътой УУМ-ы.

Машинæйы хицау — Тæрхондон пъырыстыфты службæйы кусæг уыцы уысм фæцæйцыд йæ машинæмæ æмæ йæ амондæй аирвæзт фыдбылызæй.

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл
© Sputnik / Руслан ТадтаевЦхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл
1/2
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл
2/2
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл

Ныртæккæ фæндаг æрыхгæдтой, УУМ ирвæзынгæнджытæ лыгтæ кæнынц бæлас, цæмæй йын йæ бынæй ралвасой цъæл машинæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0