"Остелеком"-ы лæвар: ветерантæн æнæаргъ мобилон бастдзинад

© Sputnik / Алексей КовалевВетераны на акции "Знамя Победы"
Ветераны на акции Знамя Победы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн 25 апрелæй фæстӕмæ мобилон бастдзинад Хуссар Ирыстоны уыдзæн æнæаргъæй

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Стыр Уæлахизы боны цытæн компани "Остелеком" тарифон план "Ветеран"-ы хицæуттæн лӕвар кӕны ӕнӕаргъ мобилон бастдзинад. Уӕлбар йӕ тыхы бацыд дыццӕджы, 25 апрелы, фехъусын кодта Sputnik компанийы пресс-секретарь Бежанты Зӕринӕ.

В Цхинвале прошел парад победы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны майы бæрæгбонты баулæфдзысты æртæ боны

Хуссар Ирыстоны ныридæгæн ис 89 адæймаджы, кæцытæ пайда кæнынц тарифон план "Ветеран"-æй, уыдон сты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантæ.

"Компани æппæт дæр аразы, цæмæй ветерантæн кæд фæндыдæр сæ бон уа сæ цины æнкъарæнтӕ адих кæнын се ‘мгæрттимæ æмæ æввахс адæмимæ. 25 апрелæй фæстæмæ тарифон план "Ветеран"-ӕй пайдагӕнджытӕ "Остелеком"-ы номыртæм дзурдзысты æнæаргъæй", — загъта пресс-секретарь.

Уымæй дарддæр ма, банысан кодта Зӕринӕ, 9 майы бæрæгбонмæ ветерантæн сæ телефоны хыгъдтыл сæвæрдзысты фӕйнӕ 500 сомы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0