Sputnik сбаста видеохидæй хæсты ветеранты авд горæтæй

© Sputnik / Наталья АйриянТелемост
Телемост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik пресс-центрты Ереван, Кишинев, Сухум, Цхинвал, Ташкент, Душанбе æмæ Таллины æрæмбырд сты ветерантæ æмæ æхсæнадæмон акци "Ӕнæмæлгæ полк"-ы организатортæ

ЦХИНВАЛ, 2 май — Sputnik, Козаты Диана. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизы боны размæ видеохид сбаста ветеранты æмрæстæджы раздæры Советон Цæдисы цалдæр горæтæй, цы ран ацы бæрæгбон ныры онг дæр нысан цæуы уæрæхæй.

Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон дыццæджы райста хайад видеохиды Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ æмæ æхсæнадæмон акци "Ӕнæмæлгæ полк"-ы организатортимæ. Онлайн-ныхасы райстой хайад Ереван, Кишинев, Сухум, Цхинвал, Ташкент, Душанбе æмæ Таллины минæвæрттæ, кæцытæ æрæмбырд сты Sputnik пресс-центрты ацы горæтты.

Видеохиды хайадисджытæ, ветерантæ радзырдтой сæ хайадисты тыххæй хæсты, сæ хæстæджыты хайбавæрды тыххæй бæллиццаг уæлахизмæ.

"Мах тынг æнхъæлмæ кастыстæм дыккаг фронты байгоммæ. Ӕмæ куыддæр не ′мцæдисонтæ федтой, мах размæ куыд бырсæм æмæ фашизмæй ныгуылæйнаг бæстæтæ куыд сæрибар кæнæм, уæд бакодтой дыккаг фронт. Ӕмæ абон махæн тынг хъыг æмæ зын у хъусын, бирæтæ дæлæмæ куыд хæцынц Советон Цæдисы хайбавæрдыл ацы Уæлахизмæ", — радзырдта Ереванæй хайадисæг, ветеран Розалия Абгарян.

"Уырыссаг историкон-патриотикон клубы" къухдариуæггæнæг Алексей Петрович Молдовæйæ радзырдта, цы ахаст ис бæрæгбонмæ бæстæйы æмæ йæ куыд нысан кæнынц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы фальсификацийы фæлвæрдтытæ, уæддæр 9 май Молдовæйы æнæаивгæйæ у сыгъдæг бон æмæ стыр бæрæгбон.

"Никæмæн æмæ никуы бантысдзæн фендæргъуызон кæнын ацы бæрæгбон", — банысан кодта уый.

Ӕнæмæлгæ полк Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕнæмæлгæ полк" Хуссар Иры æрæмбырд кæндзæн 5 мин хайадисæгæй фылдæр

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Хуссар Ирыстонæй Тедеты Николай радзырдта, "алкæй куыд нæ истой хæстмæ, алкæй кæй не ′рвыстой хæсты цырынмæ"

"Ирыстон бацахста фыццаг бынат Советон Цæдисы хъайтарты нымæцæй. Уый стыр лæггад у чысыл Ирыстонæн. Хæст хæст уыд æмæ кæрæдзи фарсмæ балæууын хъуыд. Ничи тарст уымæй æмæ фæстæмæ нал раздæхдзæн, иууылдæр тох кодтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Ирæттæ фæсте никуы лæууыдысты, кæдæриддæр тырныдтой размæ", — загъта уый.

Николай Георгийы фырты ныхæстæм гæсгæ, уый рацыд хæст сæрæй кæронмæ, бирæ бавзæрста, иста хайад Финлянди æмæ Венгри ссæрибар кæныны.

Акци "Ӕнæмæлгæ полк"-ы организатор Хуссар Ирыстоны Зассеты Жанна банысан кодта, Хуссар Ирыстонæн кæй ис уæлдай ахаст Уæлахизы бонмæ, ветерантæм, "уымæн æмæ чысыл Хуссарирыстойнаг автономон область, цы ран 1941 азы цæрджыты нымæц уыд 80 мин адæймагæй чысыл фылдæр, хæстмæ арвыста 21 736 адæймаджы".

"Уыдонæй нал æрæздæхт 11616 адæймаджы, авд мин æмæ æрдæг сты æбæрæгæй сæфт. Уырдыгæй цы чысыл нымæц хъæбатыр адæмæн бантыст æрæздæхын, уыдон сарæзтой ветеранты змæлд, кæцы архайы абон дæр", — загъта Зассеты Жанна.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон ма Хуссар Ирыстоны удæгас сты æрмæстдæр 39 ветераны: 28 нæлгоймаг æмæ 11 сылгоймаджы, кæцытæ сты æнæрлæугæ хъусдарды бын.

Зассеты Жанна ма радзырдта акци "Ӕнæмæлгæ полк"-ы куысты тыххæй. Ацы аз уым хайад райсдзысты 5,5 мин адæймагæй фылдæр.

"Уыдоны æхсæн уыдзæн 1560 æнæ къамтæй рамкæтæ æбæрæгæй фесæфæг адæймæгты мыггæгтимæ, кæцыты ингæнтæ ссардтам æппæт дунейыл. Ӕз уæм æрсиддзæн, цæмæй 9 майы æрбацæуат уæ горæтты æфсымæрон ингæнтæй иумæ æмæ ме ′мзæххонты номарынæн ссудзат цырагъ æмæ сывæрат дыууæ уардийы. Мах та 9 майы Парады ракæндзыстам уæ кой", — загъта уый видеохиды хайадисджытæн.

Пресс-центрты æрæмбырдуæвджытæ раарфæ кодтой кæрæдзийæн бæрæгбоны цытæн æмæ кæрæдзийæн сæ зæрдæ загъта сабырад æмæ хæрзиуджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0