Туркаг ирæттæ фæуазæг сты ХИПУ-мæ

© Sputnik / Анна Гогичева Делегация осетинской диаспоры в Турции в гостях ЮОГУ
Делегация осетинской диаспоры в Турции в гостях ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турчы ирон диаспорæйы делегаци æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, Цхинвалы уыдон фæуазæг сты паддзахадон университетмæ

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Годжысаты Анна. Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттæ фæуазæг сты Хуссар Ирыстонмæ æмæ фембæлдысты паддзахадон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытимæ.

Коцты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Ацæмæз туркаг ирæтты, Анкарайы Уастырджийы кувæндон ӕмӕ йӕ чындзӕхсӕвы тыххӕй

Фембæлды рæстæджы делегацийы минæвар Пухаты Желе банысан кодта, уый йæ фыццаг балц кæй нæу Ирыстонмæ æмæ равдыста ныфс, ахæм фембæлдтæ кæй уыдзысты регулярон.

"Тынг æхсызгон мын у, ирон зæххыл кæй лæууын. Ӕз райгуырдтæн Турчы, фæлæ мæ ныййарджытæн дæр æмæ мæхицæн дæр тынг ахсджиаг уыд мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ суинаг фæлтæртæм адæттын. Нæ хæдзары кæсæрæй бахизгæйæ, мах хъуамæ ныхас кодтаиккам æрмæстдæр ирон æвзагыл, уымæ гæсгæ йæ иттæг хорз зонын", — загъта Пухаты Желе.

ХИПУ-йы уырыссаг кафедрæйы доцент Тедеты Залинæ банхъардта Стамбулы университеты коммуникацитæ, медиа æмæ дизайны факультеты декан Пухаты Севдайæн бацæттæ æкнын æнæмæнгхъæуæг документаци æмæ фидæны бафыссын студенттæ ивыны фæдыл бадзырд. Ацы æнхъарæн сæвзæрын кодта цымыдис фембæлды хайадисджытæм, уыдон сфæнд кодтой практикон къахдзæфтæ сæ реализацийы фæдыл.

Кæронбæттæны уазджытæ радтой дзуаппытæ студентты фарстытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0