Зарæг "Ирон дæн"-ы автор: сæрыстыр дæн аланты фæдоны номæй

© Sputnik / Наталья АйриянИбрагим Икаев
Ибрагим Икаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг зарæггæнæджы ног зарæджы презентаци ацыд цыппæрæмы Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Икъаты Ибрагим цыппæрæмы ауагъта йæ ног зарæг "Ирон дæн"-ы презентаци, кæцы ныффыста республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл тæлмæнты бын.

"Нæ историкон ном "Паддзахад Алани" куы раздæхтам, уæд афтæ тыхджын æнкъарæнты бын уыдтæн æмæ мæ сфæндыд Райгуырæн бæстæмæ мæ уарзондзинад раргом кæнын, сæрыстыр кæй дæн аланты фæдоны номæй", — загъта зарæггæнæг презентацийы рæстæджы.

Кæсджыты раз йæ композици æххæст кæнгæйæ уый бæрæг тыхстис, кæд æмæ йын дæс азон фæлтæрддзинад ис сценæйыл, уæддæр.

Артисты зарæг байхъусынмæ æрбацыдысты йе ′сфæлдыстады табугæнджытæ, кæцытæ бирæ æзты дæргъы сæ хъус дарынц йæ зарджытæ æмæ æнтыстытæм.

© Sputnik / Наталья АйриянИкъаты Ибрагимы ног зарæг "Ирон дæн"-ы презентаци
Презентация песни Ибрагима Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Ибрагимы ног зарæг "Ирон дæн"-ы презентаци

Мадзалмæ фæуазæг Ибрагимы "коллегæ" сценæйыл, зарæггæнæг, шансоны æххæстгæнæг Тасойты Игорь. Йæ цæст бауарзта æрыгон зарæггæнæгæн æнтыстытæ йæ карьерæйы æмæ равдыста ныфс, йæ ног зарæг кæй суыдзæн хит æмæ кæй ссардзæн йæ хъусæджы.

Уазджыты æхсæн уыдысты культурæйы минæвæрттæ, журналисттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Уыдон дзырдтой хъарм ныхæстæ артисты сфæлдыстады фæдыл.

Зарæггæнæг Икъаты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, æхсæнад хъуамæ аргъ кæна, Ирыстон æмæ ирон æвзагæн чи кад кæны, уыцы артисттæн.

"Ибрагимы хорз зонынц куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр, афтæ ма Цæгат Кавказы дæр. Йæ зарджытæ йын бирæтæ уарзынц, уый исы хайад бирæ концертты. Мах хъуамæ уæм буц не ′мзæххонтæй, кæцытæ кад кæнынц Алани æмæ ирон æвзагæн", — загъта уый.

Артисты æввахсдæр нывæзтты ис Хуссар Ирыстоны столицæйы сæрмагонд концерт раттын æмæ ног зарæгыл клип сисын.

Ног хабӕртты лентӕ
0