Бибылты Анатолий: хæларады фæдыл бадзырд ратдзæн ног импульс Донецкимæ ахастытæн

© Sputnik / Наталья АйриянАнатолий Бибилов
Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент сарæзта комментарий ДАР-имæ бадзырды нысаниуæгæн, кæцы бафыст æрцыд цыппæрæмы

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæйы æхсæн хæларад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бафыстгонд бадзырд ратдзæн ног импульс дыууæ бæстæты æхсæн ахастыты райрæзтæн, загъта Бибылты Анатолий документ бафыссыны фæстæ брифингы рæстæджы.

Бадзырд бафыстæуыд Донецкы 11 майы. Документыл сæ къухфысттæ 'рывæрдтой РХИ æмæ ДАР-ы сæргълæуджытæ Бибылты Анатолий æмæ Александр Захарченко.

"Бадзырд ратдзæн ног импульс, Хуссар Ирыстон æмæ ДАР-ы æхсæн ахастытæ рæзт цæуыдзысты æндæрхуызон. Ис нын бирæ практикон бакуысттæ, нывæзты нын ис бакæнын иумæйаг куыстуæттæ, спайда кæнын æмгуыстады фадæттæй экономикæ, банчы къабазы æмæ бадзырд уыдæтты фæдыл аразы æнæмæнгхъæуæг юридикон бындур", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Документ конд у 23 статьяйæ, уыдон агайынц æддагон политикæ, экономикæ, базарад, фыдракæндтимæ тохы, культурæ æмæ ахуырады къабазты æмгуысткæнынад.

Президенты ДНР и РЮО Александр Захарченко и Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æмæ ДАР бафыстой хæларады фæдыл бадзырд

Документ фидар ӕрцыд дӕс азы ӕмгъуыдмӕ йӕ дарддӕры пролонгацийы гӕнӕнимӕ. Уый ма хъавынц баххӕст кӕнын хицӕн бадзырдтӕй дӕр.

Цыппæрæмы ма Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæты минæвæрттæ бафыстой дипломатон ахастыты фæдыл протокол, документ рагхыгъд кæны дипломатон ахастыты бындурæвæрд æмæ минæварадты æрбайгом дыууæ республикæты.

Раздæр, Донецк æмæ Цхинвалы баконд æрцыдысты минæварадтæ, фæлæ уыдон нæ уыдысты æххæстбарджын дипломатон мисситæ.

Растдӕр ӕртӕ азы размӕ, 2014 азы 11 майы Украинӕйы Донецкаг областы бирӕ цӕрӕн пунктты уагъд ӕрцыд референдум регионты хӕдуагӕвӕрды фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0