Амага Готти: бӕллын Европӕйӕн равдисын ирон классикӕйы ӕмвӕзад

© Sputnik / Наталья АйриянАмага Готти
Амага Готти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Оперон зарӕггӕнӕджы репертуары ис ирон классикты романстӕ, кӕцытӕ уый ӕххӕст кӕны европӕйаг сценӕйыл

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны хъуамӕ тырна йӕ культурӕйы райрӕзтмӕ ӕмӕ йӕ арӕхдӕр ӕвдисын республикӕйӕн ӕддейӕ, загъта оперон зарӕггӕнӕг, РХИ ӕмӕ РЦИ-А сгуыхт артисткӕ Амага Готти йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы.

Зарӕггӕнӕг фембӕлд журналисттимӕ йӕ хисӕрмагонд концерты размӕ, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 17 майы Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны. Оперон стъалы радзырдта йе ‘сфӕлдыстадон архайды тыххӕй ӕмӕ ма раргом кодта йӕ фидӕны фӕндтӕ дӕр.

"Ӕз æппынæдзух æххæст кæнын ирон классикты романстæ. Европæйаг кæсæг хъарм айсы ацы композицитæ. Хорз уаид, республикæйы къухдариуæгад йе ʻргом куы аздахид культурæйы райрæзтмæ, цæмæй нæ артисттæ Ирыстоны ном каджын кæной фæсарæнты", — загъта Амага Готти.

Зарæггæнæг фæнд кæны йæ репертуар баххæст кæнын ирон классикты уацмыстæй æмæ хуссарирыстойнаг музыкантты æмгуыстадмæ сцырын кæнын, "цæмæй мын феххуыс кæной репертуар саразынæн".

Оперон зарæггæнæг Амага Готти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Амага Готти равдисдзæн йæ программæ Мариинаг театры

"Мæ коллегæтимæ куы æрбамбырд вæййæм, уæд арæх фæдзурæм ирон культурæйыл, нæ зæрдæтæ йыл риссынц æмæ нæ фæнды исты йын баххуыс кæнæм. Ӕз бæллын европæйаг кæсæгæн равдисын ирон классикон музыкæйы бæрзонд æмвæзад", — загъта зарæггæнæг.

Концерты, зарæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, архайдзысты Хуссар Ирыстоны курдиатджын артисттæ. Мадзалмæ амонæгæй æрхондзысты Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Бибылты Сосланы.

Амага Готтийы хисæрмагонд концерт "Мæ зæрдæ — мæ Ирæн" ацæудзæн проект "Вива Алания!"-йы фæлгæтты.

Амага Готти — оперон зарæггæнæг, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, "Европæйы ирон культæйы бонты" æдзухон архайæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0