Президент: ирон ӕвзаг у фыдӕлты бынтӕй иууыл бæркадджындæр хæзна

© Пресс-служба парламента РЮОАнатолий Бибилов
Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий фидар ныфс бавӕрдта, республикæйы къухдариуæгад кæй архайдзæн ирон ӕвзаджы кад æмæ ахадындзинад ноджы фæбæрзонддæр кæныныл

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Ирон æвзаг у фыдæлты бынтæй иууыл рæсугъддæр æмæ бæркадджындæр хæзна, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы цæрджытæн мадӕлон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Акция Операция Æ во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
ТЕСТ: Бафӕлвар дӕ зонындзинӕдтӕ мадӕлон ӕвзагӕй

Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр 15 майы нысан цæуы Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Ацы бон 1899 азы фыццаг хатт мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд "Ирон фæндыр".

"Абон мах, ирон адæм, цытджын æгъдауæй нысан кæнæм нæ мадæлон æвзаджы бон. Уый у, нæ кадджын фыдæлтæ нын цы æвидигæ хæзнатæ ныууагътой, уыдонæй сæ рæсугъддæр, сæ бæркадджындæр. Абоны бонмæ ирон æвзаг рацыд историйы фæндæгтыл бирæ фыдæбæттæ бавзаргæйæ. Уыдон æй мæгуырдæр нæ кодтой, фæлæ хъæздыгдæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ирон æвзаг афтæ фæлмæн, рæсугъд, аив æмæ æхцон у, æмæ йæ арфæйаг зæлтæ æндæр адæм куы фехъусынц, уæд æвиппайды сæ зæрдæмæ фæцæуы, йæ уацары сæ бакæны.

Президент ныфс бафæрдта, республикæйы къухдариуæгад кæй архайдзæн ирон æвзаджы кад æмæ ахадындзинад ноджы фæбæрзонддæр кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0