Хуссар Иры премьер-министр Пухаты Эрик: биографи

© Пресс-служба президента и правительства РЮО Эрик Пухаев
Эрик Пухаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры премьер-министр Пухаты Эрикы цыбыр биографион справкæ

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта республикӕйы премьер-министрӕй Пухаты Эрикы.

Биографион справкæ

Пухаты Эрик Георгийы фырт райгуырд 1957 азы 5 майы РХИ-ы Знауыры районы Схлиты хъæуы.

1982 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педогогон институты "Математикæ æмæ физикæ"-йы факультет.

Фæллойадон архайды рæстæджы куыста Цхинвалы консерваразæн заводы, каст лекцитæ ХИПУ-ы.

2005 азы слæууыд РХИ Паддзахадон статистикæйы управленийы сæргъ.

2014 азы апрелы нысан æрцыд РХИ хицауады сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Хорзӕхджын у Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фӕллойады сгуыхтдзинад", Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фидар кыныны тыххӕй".

Ис ын бинонтӕ, ӕртӕ хъӕбулы.

Ног хабӕртты лентӕ
0