Бибылты Анатолий Киевы санкциты тыххæй: æхсызгон мын у аккаг адæмы æхсæн уæвын

© Sputnik / Наталья АйриянИнаугурация
Инаугурация - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий загъта, цæмæй Киев "нымадмæ райса сæвзæргæ реалитæ æмæ кæрон скæна ДАР æм ЛАР-ы ныхмæ æфсæддон агрессийæн"

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сарæзта комментаритæ Киевы санкциты ног номхыгъдæн, цы ран ис йæ ном дæр.

"Мæн ницы хъуыддæгтæ ис Украинæйы, нæ хъавын ацы бæстæмæ ныццæуын, æмæ не ′мбарын, цы зиан мын хъуамæ уа мæ ныхмæ райсгæ санкцитæй", — загъта Sputnik республикæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатолий куыд æнхъæлы, афтæмæй санкциты номхыгъдмæ бахаст æрцыд ДАР-мæ визиты тыххæй æмæ хæларад æмæ æмгуыстады бадзырды тыххæй, кæцы бафыст æрцыд 11 майы Донецк æмæ Цхинвалы æхсæн.

Президент РЮО Анатолий Бибилов на заседании комитета Россия – Донбасс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент: ДАР-имæ бадзырд нæу здæхт æртыккаг бæстæты ныхмæ

"Фæнды мæ зæгъын, бадзырд бирæ кæй æрхæсдзæн дыууæ республикæты цæрджытæн, Киевæн та зæгъдзæн, цæмæй нымадмæ райса сæвзæргæ реалитæ æмæ кæрон скæна ДАР æм ЛАР-ы ныхмæ æфсæддон агрессийæн", — банысан кодта президент.

"Ног санкцион номхыгъды ис тынг бирæ аккаг адæм æмæ мын æхсызгон дæр у се хсæн мæ ном уынын", — бафтыдта уый.

Украинæйы президент Петр Порошенко дыццæджы сфидар кодта, Киев санкцитæ цы физикон æмæ юридикон гоймæгты ныхмæ бакодта, уыцы номхыгъд фæуæрæхдæр кæнын æмæ адарддæр кæныны фæдыл уынаффæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0