Скъолаты директортӕ – "хъӕздыг" рауагъдон балы ныхмӕ

© Sputnik / Наталья КелехсаеваПресс-конференция об итогах учебного года
Пресс-конференция об итогах учебного года - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Директортӕ критикӕйы бын фӕкодтой хистӕркъласонты, уӕлдайдӕр та чызджыты ӕддаг бакаст рауагъдон балы рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссарирыстойнаг скъолаты директортӕ карзӕй рацыдысты ныййарджыты парахат хæрдзты ныхмæ рауагъдон балмæ цæттæгæнæн рæстæджы. 

Майрӕмбоны Sputnik пресс-центры кӕцыдӕр скъолаты директортӕн уагъд ӕрцыд фембӕлд журналисттимӕ. Ахуырадон уагъдӕтты къухдариуӕггӕнджытӕ ӕрдзырдтой сӕ куысты тыххӕй, скъола, ӕхсӕнад ӕмӕ бинонты нысаниуӕгыл рӕзгӕ фӕлтӕрты раст фӕндагыл ныллӕуын кӕныны хъуыддаджы. Афтӕ ма директортӕ карз критикӕйы бын фӕкодтой хистӕркъласонты, уӕлдайдӕр та чызджыты ӕддаг бакаст рауагъдон балы рӕстӕджы.

"Нæ рауагъдон-чызджытæн балы вæййы 17-аздзыд скъоладзауты нæ, фæлæ голливудаг актрисæты хуызтæ — аразгæ ныхтæ, цæсты хæуттæ æмæ зынаргъ дарæсы. Уыдон сты ахадгæ хæрдзтæ, ныййарджыты тыххæй бахъæуы хæстæ исын æмæ сæ стӕй дæргъвæтин рæстæг фидын. Ацы аз нын фадат нал ис исты саразын, фæлæ фидæн аз мах райсдзыстæм нæ контрольмæ ацы процесстæ", — загъта Паддзахадон гимнази "Альбион"-ы директор Гуыцмæзты Иринæ.

Уымӕй дарддӕр ма директор банысан кодта, раздæр ацы ахуырадон уагдон кӕй архайдта чысыл бæстыхайы, ахуыргæнинæгтæ афтæ бирæ нæ уыдысты, уымæ гæсгæ алы ахуыргæнинагмæ дæр уыд æнцондæр хъус дарын.

Последний звонок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæстаг дзæнгæрæг хуссарирыстойнаг рауагъдонтæн айзæлдзæн 27 майы

"Абон не ′скъолайы ис паддзахы уавæртæ, фаг хатæнтæ, фæлæ нæм ныридæгæн ис 446 ахуыргæнинаджы æмæ нын фæзындæр алкæмæ дæр хъус дарын", — загъта уый.

Афтӕ ма пресс-конференцийы рæстæджы ахуыргӕнджытӕ банысан кодтой, ныййарджытæ кӕй хъуамæ здахой фылдæр хъусдард скъоладзаутӕм æмæ æххуыс кæной ахуыргæнджытӕн ахуырадон процессы, радзырдтой.

"Нæ рæстæджы бинонты институт уыд тынг фидар, сывæллæттæ хъомыл кодтой æххæст бинонты æхсæн, семæ уыд æнцондæр кусæн. Ныййарджытæ фылдæр рæстæг æрвитынц интернеты сæ сывæллæттимæ абаргæйæ æмæ не ′мбарынц, ахуырадон процессы уаргъ иууылдæр ахуыргæнджыты уæхсчытыл æвæрд кæй ма хъуамæ уа", — загъта Цхинвалы 2-æм скъолайы директор Ольга Михайлиди.

Уый ма радзырдта, фæстаг азы мидæг скъолайæн кæй фæзынд йæхи герб, гимн æмæ тырыса.

"Ацы азы фæстаг дзæнгæрæгыл мах фыццаг хатт сисдзыстæм скъолайы тырыса, скъолайон хор та фыццаг хатт сæххæст кæндзæн скъолайы гимн. Гимны ныхæстæ нын ирон æмæ уырыссаг æвзагыл ныффыста Дзаттиаты Залинæ, кæцы бирæ азты фæкуыста ацы скъолайы", — загъта Михайлиди.

Кӕронбӕттӕны скъолаты разамонджыты зæрдæтæ рауагъдонтæн загътой рухс æмæ рæсугъд фидæн æмæ æнтыстджынæй фæлварæнтæ раттыны фӕндиӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0