Хуссар Иры æмæ Татарстаны сæргълæуджытæ бадзырдтой æмгуыстад кæныныл

© Пресс-служба Президента РЮОРХИ президент Бибылты Анатолий æмæ Татарстаны президент Рустам Минниханов
РХИ президент Бибылты Анатолий æмæ Татарстаны президент Рустам Минниханов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æмæ Татарстаны президенттæ Петербурджы бадзырдтой срæвдз кæнын æмгуыстад культурон æмæ хъуыддагон къабазы

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Татарстаны президент Рустам Минниханов æруынаффæ кодтой æмгуыстады фарстытыл.тФембæлд уагъд æрцыд петербургаг æхсæнадæмон экономикон форумы фæзуатыл(ПӔЭФ), хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

Рустам Минниханов фехъусын кодта йæ фæндон Хуссар Ирыстонимæ æндæр æмæ æндæр къабæзты æмгуыстад срæвдз кæнын.

"Мах хъæуы æрбангом кæнын нæ амалиуæггæнджыты алыгъуызон фæдыздæхтты, срæвдз кæнын культурон, ахуырадон бастдзинæдтæ, туризмы размæцыдыл архайын", — загъта Миннихнов.

Бибылты Анатолий йæхи æрдыгæй банысан кодта, Татарстанимæ æмгуыстадæн кæй ис стыр потенциал.

Бибылты Анатолий æмæ Сербийы президент Милорад Додик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ Сербийы президенты

"Ӕниу, æмгуыстад ныридæгæн ис, Татарстан æрцыд Хуссар Ирмæ, республикæйы минæвæрттæ æххæст кæнынц арæзтадон куыстытæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Бæстæты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой Паддзахадон драмон театры арæзтадыл, бынаты аскъуыддзаг кодтой арæзтад тагъддæр балхынцъ кæныны æмæ социалон объект эксплуатацимæ раттыны кæцыдæр фарстытæ.

Миннихановы ныхæстæм гæсгæ, "гъæдджын арæзт проект рæстæгыл эксплуатацимæ раттын у намысы хъуыддаг".

Театры æмæ Хуссар Ирыстоны цалдæр объекты арæзтады генералон нардуат у арæзтадон организаци "Эверест" Татарстанæй.

© Пресс-служба Президента РЮОХуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Татарстаны президент Рустам Минниханов
Президент Южной Осетии Анатолий Бибилов и президент Республики Татарстан Рустам Минниханов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Татарстаны президент Рустам Минниханов
Ног хабӕртты лентӕ
0