Хуссар Ирыстон карзæй рацыд Лондоны теракты ныхмæ

© Sputnik / Алекс Макнотон /  Ахизын медиабанкмæФлаг Великобритании, приспущенный в знак траура по жертвам теракта в районе Лондонского моста
Флаг Великобритании, приспущенный в знак траура по жертвам теракта в районе Лондонского моста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг дипломаттæ арвыстой сæ коллегæтæм бритайнаг минæварадмæ тæфæрфæсы телтæ Лондоны теракты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстон карзæй рацыд Лондоны æбуалгъ теракты ныхмæ æмæ мæсæллæй кæны йæ амæттæгты хиуæттæн. Уый тыххæй дзырдæуы Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæварады тæфæрфæсы телы Стыр Британийы мæскуыйаг минæварады адресыл, хъусын кæны дипломатон уагдоны пресс-службæ.

"Мах дих кæнæм Стыр Британийы адæмы рис æмæ карзæй æфхæрæм ацы æбуалгъ террористон акт. Минæварад кæны мæсæллæй Стыр Британийы цæрджытæ æмæ къухдариуæгадæн, фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ хæстæджытæн, цæфтæ чи райста, уыдонæн та нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй тагъддæр сæнæниз уой", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ивгъуыд сабаты машинæ балæгæрста адæмыл Лондоны хидыл, стæй машинæйæ рахизæг хотыхджын террористтæ аздæхтой кардæй рæхойын фæндаггонты. Террористтæ ликвидацигод æрцыдысты. Теракты фæстиуæгæн авд адæймаджы фæмард, 48 райстой цæфтæ, чидæртæ сæ сты уæззау уавæры. Ныртæккæ, теракт саразынмæ зæрдæ кæмæ æхсайы, ахæмтæй æрцахстой 12 адæймаджы, уыдон нымæцы цыппар сылгоймаджы.

Теракты фæдыл бæрндзинад йæхимæ райста террористон къорд "Исламаг паддзахад" (тобæгонд Уæрæсейы).

Ног хабӕртты лентӕ
0