Президент снысан кодта Къозонты Аланы Цӕстдарӕн советы хистӕрӕй

© Пресс-служба парламента РЮОДепутат Алан Козонов
Депутат Алан Козонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент сӕмбӕлд Цӕстдарӕн советы уӕнгтимӕ ӕмӕ ӕруынаффӕ кодта ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн кӕныны политикӕйыл

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Къозонты Алан нысан ӕрцыд Цӕстдарӕн комитеты хистӕрӕй, кӕцы арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны Нацбанчы хыгъдмӕ цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ цӕуынц августы хӕсты зианбаййафджытӕн, уыдон хардз цӕуой нысанмӕздӕхтӕй ӕмӕ рационалонӕй.

Цхинвальская соматическая больница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры снысан кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады ног министры

Къозонты Аланы ацы бынаты сӕвӕрыны фӕдыл барамынд цыппӕрӕмы бафыста президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Президент сӕмбӕлд Цӕстдарӕн советы уӕнгтимӕ ӕмӕ ӕруынаффӕ кодта ӕхцайы фӕрӕзтӕ хицӕн кӕныны политикӕйыл рынчынтӕн, се хсӕн СЦП ӕмӕ гемодиализы процедурӕ кӕй хъӕуы, ахӕмтӕ.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, фӕрӕзтӕ дих кӕныны процесс кӕй хъуамӕ уа бынтон рӕсуг, ӕмӕ фӕрӕзты конкретон суммӕ та хъуамӕ рагацауой цӕуой бӕрӕг.

Хуссар Иры сӕрмагонд хыгъд гом ӕрцыд 2008 азы хӕсты фӕстӕ, ам ӕмбырд кодтой фӕрӕзтӕ, кӕцытӕ ӕрвыстой ӕрмӕст Уӕрӕсейы хицӕн цӕрджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн регионтӕ дӕр.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент снысан кодта Мидхъуыддӕгты ног министры

Фыццаг хыгъдыл уыд 1 миллиард 125 милуан 230 мин сомы. Уымӕй дарддӕр ма фӕсарӕйнаг волютӕйӕ та хыгъдмӕ ӕрбацыд 2 милуан 125 мин 230 доллары ӕмӕ 23 мин 350 евройы.

Ӕрӕджы Цӕстдарӕн советы раздӕры хистӕр Сиукъаты Родион фехъусын кодта Sputnik, 2017 азы январы ма хыгъды кӕй уый 140 милуан 441 мин сомы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы суммӕ ис 12% депозиты, уый фӕрцы совет ӕрвылмӕй дӕр райсы 1 милуан 150 мин сомы ӕмӕ сӕ ратты рынчынтӕн хоскӕнынадӕн. Уый ма банысан кодта, 2012 азӕй фӕстӕмӕ Сӕрмагонд хыгъды фӕрӕзтӕй кӕй баххуыс кодтой 1313 ӕмбӕстагӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0