Radio Killer фыццаг хатт ратдзæн концерт Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Наталья АйриянРадиокиллер
Радиокиллер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбонон концерт румынаг коллективы хайадистæй уагъд æрцæудзæн дыццæджы изæры Хуссар Ирыстоны спорты галуан "Олимп"-ы территорийыл

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik, Босыкты Мария. Хуссар Ирыстоны фæсивæд хъуамæ хайджын уа царды хæрзиуджытæй, хъуамæ уа зонынуарзаг æмæ амондджын, загътой зынгæ румынаг диджей-дэнс группæ "Radio Killer"-ы хайадисджытæ пресс-конференцийы рæстæджы Sputnik.

Ӕрвылаздæр, 27 июны Хуссар Ирыстон нысан кæны Фæсивæды бон. Сæрмагондæй Хуссар Ирыстоны адæмæн фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет аразы бæрæгбонон концерт.

"Кæд Хуссар Ирыстоны тыххæй æппындæр ницы зыдтам, æрхæццæ стæм æхсæвы æмæ нæ федтам хæхты æмæ горæты рæсугъддзинæдтæ, уæддæр нæ зæрдæ фæсивæдæн зæгъы амон, цæмæй хайджын уа царды хæрзиуджытæй æмæ уа зонынуарзаг", — загътой группæйы архайджытæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы артисттæ радзырдтой журналисттæн сæ коллективы архайды, сфæлдыстадон нывæзтты тыххæй æмæ ма сахуыр кодтой цалдæр ирон ныхасы дæр. Sputnik радиоамонæджы куырдиатмæ гæсгæ, румынаг зарæггæнджытæ бахъуыды кодтой "Ирæттæ, размæ!"

РХИ президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Ирыстон сæрыстыр у йæ фæсивæдæй

Журналистты цымыдис кодта, цас рæстæг бахъуыд артистты, цæмæй сразы уой концертимæ æрцæуын ахæм бæстæмæ, кæцыйы тыххæй ницы зыдтой.

Артисттæ банысан кодтой, зæгъгæ, ахæм фæхуынд куы райстой, уæд фæдзырдтой сæ коллегæтæм — группæ "Morandi" — кæцы æнтыстджынæй равдыста йæ аивад Хуссар Иры фарон.

"Куыддæр сын загътам, зæгъгæ, хуынд æрцыдыстæм Хуссар Ирыстонмæ, уæд нын æвиппайды загътой, цæмæй ма рахъуыды-бахъуыды кæнæм æмæ сразы уæм. Мах дæр фæдзырдтам организатортæм æмæ бафидар кодтам нæ разыдзинад", — загътой Radio Killer.

Radio Killer музыкалон архайд кæны 2009 азæй. Группæйы фыццаг сингл бахауд ротацимæ æрмæст алкæцы румынаг радиостанцтæм нæ, фæлæ ма Европæйы æндæр бæстæты дæр. Трек "Voila" æрмæст Румынийы нæу популярон, фæлæ æппæт дунейы.

© Sputnik / Наталья АйриянRadio Killer
Участники группы Radio Killer в пресс-центре Sputnik - Sputnik Хуссар Ирыстон
Radio Killer
Ног хабӕртты лентӕ
0