"Симд" йӕ гастролты Абхазы ратдзæн фондз концерты

© Sputnik / Наталья АйриянСимд
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон аивадимæ базонгæ уыдзысты абхазаг горæттæ Сухум, Пицунда, Гагра, Гудауты æмæ æндæрты цæрджытӕ

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Галаты Борисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" æрзилдзæн гастролты Абхазы сæйраг горæттыл, фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

Хуссар Ирыстоны сæйраг ансамблы концерттæ ацæудзысты абхазаг горæттæ Сухум, Пицунда, Гагра, Гудаут æмæ æндæрты.

Концерт государственного ансамбля Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" Цхинвалы равдисдзæн кафт æмæ зарды ног программæ

"Ӕфсымæрон республикæ Абхазы фондз-ӕхсӕз сæйраг горæты 4-13 июлы ацæудзæн "Симд"-ы концерттæ. Ансамбль абхазаг кæсæгæн бавдисдзæн æххæст программӕ 16 кафтæй, се ʻхсæн "симд", "хонгæ", "уарзондзинады легендæ", "абхазаг", "аланты кафт" æмæ æндæртæ. Йæ арæхстдзинад равдисдзæн ансамблы хор дæр", — радзырдта Гаглойты Кристина.

Уый ма банысан кодта, "Симд"-æн уый йæ фыццаг балц кӕй нæу Абхазы республикæмæ, ансамбль ма радта концерттæ уым 2016 æмæ 2011 æзты.

"Хуссарирыстойнаг сфæлдыстадон къорд ивгъуыд аз Абхазы хæдбардзинады боны дæр радта Сухумы концерттæ, уым хорз райсынц нæ къорды", — бафтыдта йæ ныхæстæм Кристина.

Абхазы фæстæ та гастролон туры фӕлгӕтты "Симд" хъавы йе сфӕлдыстадимӕ базонгӕ кӕнын Хъырымы цӕрджытӕ ӕмӕ улӕфджыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0