Хуссар Иры ФХМ комментарий сарæзта Порошенкойы "арæнгæрон" экскурсийæн

© AFP 2022 / Mykhailo MarkivПарашенко
Парашенко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Украинæйы президент хайад райста радон "ритуалон" экскурсийы Хуссар Ирыстоны арæнмæ, кæцытæ Тбилис аразы йæ уазджытæн, фехъусын кодта Медойты Дмитрий

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Украинæйы президент Петр Порошенкойы балц Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæнмæ хæссы провокацион нысаниуæг æмæ у радон "ритуалон" экскурси республикæйы арæнмæ, кæцытæ Тбилис аразы йæ уазджытæн, фехъусын кодта РХИ ФХМ-ы сæргълæууæг Медойты Дмитрий.

Гуырдзыстоны президент Петр Порошенко, кæцы ис Гуырдзыстоны официалон визитимæ, æртыццæджы бацыд йæ гуырдзиаг коллегæ Георгий Маргвелашвилиимæ Хуссар Ирыстонимæ арæнмæ.

"Фæстаг рæстæджыты Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн ссис æппæрццаг традици йæ уазджытæн ритуалон экскурситæ аразын Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæнмæ, кæцытæ хæссынц провокацион нысаниуæг", — загъта Медойты Дмитрий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Порошенко дæр не ′ссис уæлвæтк æмæ уымæн дæр арæзт æрцыд ахæм цыт — уый ссис радон арæнгæрон клоунадæйы хайадисæг, кæцы йæ балцы рæстæджы загъта, кæй æрцыд, зæгъгæ, цæмæй суа æвдисæн "Гуырдзыстоны територриалон æнæхъæндзинадæн".

"Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны цур лæугæйæ æмæ суверенон паддзахады зæххыл къах авæрыны фадат кæй нæ уыд, уымæй Украинæ Порошенкойы хуызы сбæлвырд кодта æрмæстдæр уый, Гуырдзыстоны "территориалон æнæхъæндзинад" Хуссар Ирыстоны территоримæ претензитимæ кæй у æрмæстдæр фикци. Нæй гæнæн æрдзы цы нæй, уый фарс балæууын!", — банысан кодта Хуссар Иырстоны ФХМ-ы сæргълæууæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0