ПӔК æрцахста Хуссар Ирыстоны Астæуккаг Азийы æмбæстæгты

© Пресс-служба КГБПӔК æрцахста Хуссар Ирыстоны Астæуккаг Азийы æмбæстæгты
ПӔК æрцахста Хуссар Ирыстоны Астæуккаг Азийы æмбæстæгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Узбекистан æмæ Таджикистаны æрцахстуæвæг æмбæстæгтæ фæлвæрдтой æрбаласын Хуссар Ирыстонмæ психотропон буарад

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет æрцахста Узбекистан æмæ Таджикистаны æмбæстæгты, кæцытæ фæлвæрдтой республикæмæ 'рбаласын психотропон буарад "насвай", фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

"13 æмæ 14 августы оперативон-агурæн мадзæлтты реализацийы фæлгæтты республикæйы территоримæ тобæгонд буарад "насвай" æрбаласыны фæлвæрды рæстæджы ахстæуыд Узбекистан æмæ Таджикистаны æмбæстæгты", — загътой ПӔК-ы пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, цауы фӕдыл уагъд кӕй цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ.

Хуссар Ирыстоны парламент марты райста æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закон.

Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты не 'рцахстой, республикӕмӕ тобӕгонд буарадтӕ чи фӕлвӕрдта ӕрбаласын, ахӕм адӕмы. Уыдон сӕйраджыдӕр вӕййынц Узбекистан ӕмӕ Таджикистаны ӕмбӕстӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0