Хуссар Ирыстоны ацæудзæн джип-триал

© Sputnik / Ада БагианДжип-триал Хуссар Ирыстоны
Джип-триал Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты дугъ кæндзысты 25 шофыры Хуссар Ирыстон æмæ цæгаткавказаг республикæтæй

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сабаты ацæудзæн джип-триал, кæцы у нывонд республикæйы хæдбардзинад банымайынæн, уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта мадзалы организатор, клуб "Скиф 4x4"-ы сæрдар Лæууойты Сева.

"Джип-триал ацæудзæн Ходы хъæуы. Хайад дзы райсдзысты 25 машинæйы – уыдон сты нæ шофыртæ æмæ хайадисджытæ цæгаткавказаг республикæтæй – Кæсæг-Балхъар, Дагестан, Черкесси æмæ Цæгат Ирыстонæй. Регистраци уагъд цæудзæн райсом 10 сахатыл", — загъта Лæууойты Сева.

Организатор банысан кодта, клуб ма ахæм мадзал кæй сарæзта 2014 азы дæр.

Джип-триал уагъд цæудзæн Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0