Хуссар Иры ФХМ-ы сæргълæууæг сарæзта комментарий АИШ-ы минæвары уынаффæйæн

© Пресс-служба КГБ РЮОХуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæн
Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медойты Дмитрий сарæзта комментарий Гуырдзыстоны уæвæг АИШ-ы минæвар Ян Келлийы уынаффæйæн, кæцы арæнгæрон гуырдзиаг хъæумæ йæ балцы рæстæджы загъта, "оккупаци бирæ кæй нæ ахæсдзæн"

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Гуырдзыстоны куратортæ АИШ-ы хуызы фæлварынц раттын Тбилисæн фæстаг ныфс æнæуæвгæ территоиалон æнæхъæндзинад сæндидзын кæнынæн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Медойты Дмитрий.

Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир, Уæрæсе æмæ Абхазы катайы æппары Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмархайд

АИШ-ы минæвар Гуырдзыстоны Ян Келли майрæмбоны, 18 августы, фæуазæг Хуссар Ирыстонимæ арæнгæрон гуырдзиаг хъæу Эргнетмæ, цы ран фехъусын кодта, "оккупаци бирæ кæй нæ ахæсдзæн æмæ ацы бырутæ бирæ нал лæудзысты".

Уынаффæйæн комментарий аразгæйæ, министр банысан кодта, "ацы ритуалон раныхас дæр кæй уыд раздæры "театралон равдыстты" хуызæн паддзахадон арæны цур".

"Фæнды мæ америкæйаг минæвары зæрдыл æрлæууын кæнын, йæхи цæстæй цы паддзахадон арæн федта, уый кæй у реалондзинад æмæ сырæзт Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн. Ахӕм ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы Уӕрӕсе соккупаци кодта, нӕй нӕдӕр барадон, нӕдӕр фактон бындур", — загъта Медойты Дмитрий, кӕцыйы ныхӕстӕ мыхуыр кӕны РХИ ӕддагполитикон ведомствӕйы сайт.

Министр банымадта минӕвары ныхӕстӕ мӕстагыл, Гуырдзыстон ӕмӕ НАТОйы фӕтыхджындӕргонд ӕмгуыстад хынцгӕйӕ ӕмӕ бахахх кодта, ахӕм ӕрсидтытӕ кӕй цырын кӕнынц "тбилисаг бæллицдарджыты" реваншистон фӕндтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0