Хуссар Ирыстон йæхи цæттæ кæны Банымады бон банысан кæнынмæ

© Sputnik / Алексей КовалевРХИ тырыса
РХИ тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы 26 августы. Ацы датæ хаст æрцыд республикæйы бæрæгбæтты къæлиндармæ æмæ ныр фарастæм аз нысан цæуы бæрæгбонон мадзæлттæй

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон ацæудзысты тымбыл фынг, джип-триал, цытджын æмбырд æмæ мадзал "Ирон хъазт — Уазæгуаты Аланийы фæсивæдмæ". Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодтой президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

Джип-триал Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ацæудзæн джип-триал

Хæдбардзинад банымайыны бонæн нывонд мадзæлттæ райдайдзысты 25 августы. 12:00 сахатыл уагъд æрцæудзæн тымбыл фынг ахæм темæйыл — "Банымады 9 азы: æнхъæлцаутæ æмæ реалитæ".

26 августы, райсом 10 сахатыл уагъд æрцæудзæн джип-триал Ходы хъæуы. Хайад дзы райсдзысты 25 машинæйы – уыдон сты бынæттон шофыртæ æмæ хайадисджытæ цæгаткавказаг республикæтæй – Кæсæг-Балхъар, Дагестан, Черкесси æмæ Цæгат Ирыстонæй. 13:00 сахатыл уагъд æрцæудзæн дзыллæйады хайадистæй цытджын æмбырд. 18:00 сахатыл та ацæудзæн мадзал "Ирон хъазт — Уазæгуаты Аланийы фæсивæдмæ".

Цытджын мадзӕлттӕ фӕуыдзысты бӕрӕгбонон салютӕй.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад официалонӕй нымад ӕрцыд Уӕрӕсейы президент Дмитрий Медведевы сӕрмагонд барамындӕй 2008 азы 26 августы. Ацы политикон актӕн уыд егъау нысаниуӕг йӕ сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадыл тохгӕнӕг адӕмы хсӕн – кӕронмӕ бахӕццӕ сӕ бирӕазон ӕмӕ уӕззау фӕндаг ӕхсӕнадӕмон банымадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0