Хуссар Иры парламент ӕрывнӕлдта куыстмӕ сӕрдыгон каникулты фӕстӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты спикер Гасситы Петр ӕрдзырдта депутатон корпусы куысты нывӕзтыл сӕрдыгон каникулты фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны парламент фыццаг рады ӕркӕсдзӕн Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондоны ӕххӕстбартӕ Республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ адӕттыны фӕдыл законмӕ, фехъусын кодта къуырисӕры Sputnik спикер Гасситы Петр.

Парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламент ацыд каникулты "æнæ къудитæй"

"Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны" Конституцимӕ ивындзинӕдтӕ ӕмӕ баххӕстгӕнинӕгтӕ бахӕссыны фӕдыл закон ист ӕрцыд 2014 азы 7 майы. Уый рагхыгъд кӕны, Конституцион законы йӕ тыхы бахызтӕй фӕстӕмӕ нысан цӕуы фӕлдзӕуӕн рӕстӕг 2015 азы 1 январы онг, кӕцыйы ӕмгъуыдмӕ Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондон ӕхгӕд цӕуы ӕмӕ йе 'ххӕстбартӕ да лӕвӕрд цӕуынц Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ.

"Тӕрхондӕтты фӕдыл закон нӕм ӕрбарвыстой, депутаттӕ сӕрдыгон каникултӕм куы ацыдысты ӕмӕ ӕвзарджытимӕ куы ӕмбӕлдысты, уӕд. Ацы закон у тынг ахсджиаг ӕмӕ йӕм ӕркӕсын хъӕуы ӕвӕстиатӕй. Арӕзт ӕрцыд ног организаци, кӕцыдомы ног реформӕтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ", — загъта Гасситы Петр.

Спикер ма банысан кодта, сӕрдыгон каникулты рӕстӕджы депутаттӕ ӕмбӕлдысты ӕвзарджытимӕ, министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕттӕй та парламентмӕ ӕрвыстой закӕтты проекттӕ, кӕцытыл ныр бакусдзысты депутаттӕ.

"Ӕввахс бонты уагъд ӕрцӕудзӕн фембӕлд комитетты сӕргълӕуджытимӕ, цыран ӕркӕсдзысты кусинаг ӕрмӕджытӕм. Уый фӕстӕ мах бацӕттӕ кӕндзыстӕм президиуммӕ закӕтты проекттӕ, уыдон барадон къамистӕ ӕмӕ ведомствӕтимӕ ӕрӕмдзых кӕнгӕйӕ", — балхынцъ кодта уый.

Хуссар Ирыстоны парламент сӕрдыгон каникулты ацыд июлы, депутаттӕ улӕфыдысты 50 боны.

Ног хабӕртты лентӕ
0