Ахуыргæндтæ бæрзонд аргъ скодтой Гаглойты Юрийы чиныг "Нартæ æмæ Алантæн"

© Sputnik / Наталья АйриянГаглойты Юрийы чиныг "Нартæ æмæ Алантæ"
Гаглойты Юрийы чиныг Нартæ æмæ Алантæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгæ алантæзонæджы ног чиныгмæ бацыдысты Нарты кадджыты националон верси æмæ алантимæ ирæтты генетикон бастдзинады æмахасты фæдыл зонадон уацтæ æмæ иртæстытæ

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Цхинвалы ацыд профессор Гаглойты Юрийы чиныг " Нартæ æмæ Аланты" презентаци, цæй рæстæджы ирон ахуыргæндтæ дзырдтой сæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ куысты фæдыл.

Съемки в Южной Осетии видеоматериалов о контактах алан и армян в эпоху раннего христианства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ахуыр кæнынц рагчырыстон дуджы алантæ æмæ сомихæгты бастдзинадтæ

Мадзалы ма хайад райста президент Бибылты Анатолий, кæй финансон æххуысæй мыхуыр æрцыд чиныг 1000 экземплярæй.

Историкон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг банысан кодта, Гаглойы фырты куыстыты аргъ бæрзонддæр кæй кæны уыцы рæстæджы, æмæ фылдæрæй фылдæр кæй кæны алайнаг бынтæм претендентты нымæц.

"Чиныджы автор у зындгонддæр æмæ тыхджындæр алантæзонджытæй иу, кæцыйы куыстытæ сты тынг популярон Уæрæсейæн æддейæ. Йæ иртæстытæ сты тынг арф. Ӕз иу ахуыргонды дæр нæ зонын Абайты Уасойы фæстæ, кæцы афтæ арф бакуыста алайнаг проблематикæ, нарты хъайтарты фæлгонцты æмæ терминологи, н=генезис æмæ эпосы фарстытыл", — бафтыдта уый.

© Sputnik / Наталья Айриян Гаглойты Юрийы
Презентация книги Юрия Гаглойти - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Юрийы

Этнограф Хъуылымбегты Роберт банысан кодта адæмы тохы æнæмæнгхъæуæгдзинад сæ историкон ивгъуыдыл, афтæ ма банысан кодта ахæм куыстыты нысаниуæг æппæт ирон адæмæн.

"Чиныгæн йæ номы дæр ис æвæрд нысаниуæгджын мидис – нартæ æмæ алантæ. Ацы дыууæ темæ нæ зонад æмæ нæ æхсæнады ахсынц сæйрагдæр бынат. Хъыгагæн, фæзынд ахæм адæм, кæцытæ нымайынц æнæмæнгхъæуæгдзинадыл, алкæмæн дæр дзурын, ома нартæ æмæ алантæн бынтондæр ницы ахаст ис ирæттæм. Уыдонæн ныхмæ фæлæууынæн хъæуы тох кæнын нæ историйы сæрыл", — бахахх кодта историк.

Президент загъта бузнгы авторæн нысаниуæгджын æмæ вазыгджын куысты тыххæй, кæцыйæн уый снывонд кодта йæ цард æмæ банысан кодта, алыхаттдæр цæттæ кæй у баххуыс кæнын чингуытæ æмæ зонадон куыстытæ рауадзынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0