Бибылты Анатолий Беслæны ипподромы: Ирыстон алыхатдæр сæрыстыр уыд йæ барджытæй

© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беслæны 13 азы куыстлæуды фæстæ æрбайгом ис ипподром, церемонийы райста хайад Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий хайад райста Цæгат Ирыстоны горæт Беслæны ипподромы æрбайгомы, фехъусын кодтой Sputnik паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæйы.

Бæхты дугътæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслæны фæстаг 13 азы мидæг ацыдысты фыццаг бæхдугътæ

13 азы куыстлæуды фæстæ Беслæны æрбайгом ис ипподром. Символикон сырх лентæ алыг кодтой Бибылты Анатолий, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ республикæйы рахизфарс районы сæргълæууæг Фрайаты Сослан.

Бибылты Анатолий банысан кодта, ацы цауæн кæй ис стыр нысаниуæг ирон адæмы хсæн, кæцы "æнусты дæргъы сæрыстыр уыд йæ барджыты арæхстдзинадæй".

"Абон æцæгдæр у бæрæгбон, кæцы дæтты ныфс, Ирыстоны бæхты спортæн кæй ис размæцыд. Хуссар Ирыстонæн тынг æхсызгон у, абон ам ахæм диссаджы бæрæгбон кæй цæуы. Фæнды мæ зæгъын æнтыстытæ алкæцы хайадисæгæн дæр æмæ зæгъын бузныг организатортæн", — загъта уый.

Бæхты спорты табугæнджытæн раарфæ кодта Битарты Вячеслав æмæ загъта бузныг, ипподром ранæуæг кæнынæн чи баххуыс кодта, уыдонæн.

"Уыдон ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй равдыстой, цы нысан кæны уарзын республикæ æмæ йæ адæмæн цыт кæнын", — загъта республикæйы сæргълæууæг.

© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/8
Бæхдугътæ Беслæны
© Пресс-служба Президента РСО-АланияБæхдугътæ Беслæны
Бæхдугътæ Беслæны - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/8
Бæхдугътæ Беслæны
1/8
Бæхдугътæ Беслæны
2/8
Бæхдугътæ Беслæны
3/8
Бæхдугътæ Беслæны
4/8
Бæхдугътæ Беслæны
5/8
Бæхдугътæ Беслæны
6/8
Бæхдугътæ Беслæны
7/8
Бæхдугътæ Беслæны
8/8
Бæхдугътæ Беслæны

Уый ма загъта бузныг бæрæгбонмæ æрбацæуæг уазджытæн æмæ дугъты хайадисджытæн.

Ипподром сæндидзын кæныны тыххæй фæрæзтæ рахицæн кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ спонсортæ.

Ног ипподромы дугъты райстой хайад хуыздæр жокейтæ æппæт бæстæйæ. Сыгъдæг Георгийы сæйраг приз – 1 милуан сомы рамбылдта уырс "Кабакан". Цæгат Ирыстоны разамонæджы приз — 500 мин сомы бæрц та рамбылдта бæх "Мот".

Ӕдæппæт дугъты хайад райстой 63 барæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0