"Иугонд Алани" уадзы видеоконкурс "Нæхи Къоста"

© Sputnik / Наталья БосиковаКъостайы цырт Цхинвалы
Къостайы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци уагъд цæуы ирон æвзаг æмæ литературæйы парахат кæныны нысанæн æмæ нывонд у ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонæн

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Фæсивæдон организаци "Иугонд Алани" уадзы литературон видеоконкурс "Нæхи Къоста", акци нывонд у ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бонæн, фехъусын кодта Sputnik организацийы информацион хайады гæс Джиоты Марияна.

Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей Нары - Sputnik Хуссар Ирыстон
Киноныв "Къоста" поэты райгуырæн бонмæ рацæудзæн Дзæуджыхъæуы

Акци уагъд цæуы ирон æвзаг æмæ литературæйы парахат кæныны нысанæн æмæ нывонд у фыссæгæн, кæцыйы уацмыс бацыд уырыссаг литературæйы хуыздæр 50 уацмысты нымæцмæ Петр III-ы заманæй фæстæмæ – Хетæгкаты Къостайæн.

"Конкурсы алкæмæн дæр ис фадат хайад райсын, кармæ æнæкæсгæйæ. Иу адæймаг кæнæ адæймæгты къорд хъуамæ бакæса камерæмæ Къостайы уацмыстæй исты æмæ йæ арвита банысангонд телефоны номырыл, уыимæ иумæ йæ ном æмæ райгуырды аз фехъусын кæнгæйæ", — загъта Джиоты Марияна.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, организацийы оргкомитет мыхуыр кæндзæн видеороликтæ йæ аккаунтты социалон хызæгты. Конкурс уагъд цæуы 6-20 октябры, акцийы уæлахиздзауты равзардзысты социалон хызæгты пайдагæнджытæ хъæлæсæппæрсты руаджы.

"Хъæлæстæ нымад цæудзысты æмæ конкурсы кæронмæ иууыл фылдæр "лайк"-тæ чи райса, уый суыдзæн уæлахиздзау æмæ райсдзæн приз. Педъестал адих кæндзысты æртæ хайадисæджы, кæцытæ бацахсой призон бынæттæ", — балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0