Парти "Иугонд Ирыстон" равзæрста ног лидеры

© Sputnik / Наталья АйриянПартийы съезд
Партийы съезд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Партийы ног лидерæн 300 делегатæй схъæлæс кодтой 272

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны егъаудæр политикон парти "Иугонд Ирыстон"-ы лидерæй.

Кандидат в президенты Южной Осетии Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президенттæм экс-кандидат аразы йæ парти

Цхинвалы дыццæджы уагъд цæуы партийы æнæрадон съезд. Ног сæрдар равзарынæй дарддæр ма, делегаттæ сæвзардзысты централон комитеты ног сконд æмæ æркæсдзысты уагæвæрдмæ барастгæнинæгтæм.

Тадтаты Аланы равзарыны тыххæй 300 делегатæй схъæлæс кодтой 272. Уый лæудзæн партийы сæргъ æввахс æртæ азы дæргъы.

Партийы раздæры раздзог Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны Конституцийы домæнмæ гæсгæ президентæй равзæрсты фæст ссæрибар кодта ацы баныт æмæ рахызт "Иугонд Ирыстон"-ы уæнгтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0