Цхинвалы дыууæ фестивалы сбæрæг кодтой хуыздæр зарæггæнджыты

© Sputnik / Фатима ПлиеваФестиваль "Бинонтæ — курдиаты стъалыгуппар"
Фестиваль Бинонтæ — курдиаты стъалыгуппар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адæмон сфæлдыстадон центр иу боны дæргъы ауагъта дыууæ конкурс-фестивалы

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы фæбæрæг сты хуыздæр сфæлдыстадон коллективтæ æмæ зарæггæнджытæ. Боны дæргъы дыууæ конкурс-фестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ" æмæ "Бинонтæ — курдиаты стъалыгуппар"-ы фæлгæтты сæ арæхстдзинад равдыстой 70 адæймаджы онг.

Италиаг Пезаройы æрбайгом ирон нывгæнджыты равдыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Италиаг Пезаройы æрбайгом ирон нывгæнджыты равдыст

Фыццаг хатт Хуссар Иры ацыд фестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ". ПККЗ "Чермен"-ы залы фестивалы фæлгæтты азарыдысты культурæйы сгуыхт архайджытæ, эстрадæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдон, афтæ ма чысыл сывæллæттæ дæр. Сценæйæ айзæлдысты зарджытæ ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтыл дæр. Бирæтæ сæххæст кодтой цалдæргай композицитæ.

Жюрийы уæнгты фæндонмæ гæсгæ фыццаг бынат адих кодтой Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы вокалон-инструменталон къорд æмæ зарæггæнæнæг Битеты Мæдинæ, дыккаг бынат радтой Дзигойты Маринайæн æмæ æртыккаг та — Санахъоты Аланæн.

© Sputnik / Фатима ПлиеваФестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ"
Фестиваль Ирыстоны хъæлæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Фестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ"
© Sputnik / Фатима ПлиеваФестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ"
Фестиваль Ирыстоны хъæлæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Фестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ"
1/2
Фестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ"
2/2
Фестиваль "Ирыстоны хъæлæстæ"

Дыккаг фестиваль "Бинонтæ — курдиаты стъалыгуппар" ацыд ныр дыккаг хатт, архайдтой дзы хæстæгдзинады тæгтæй баст сфæлдыстадон къордтæ, науæд та курдиатджын бинонтæ. Ам фыццаг бынат бацахстой Хуыгаты бинонтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0