Гергиты Лариса: æз Ирыстоны нæ дих кæнын хæйттыл

© Sputnik / Наталья АйриянГергиты Лариса
Гергиты Лариса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гергиты Лариса радзырдта, куыд уыны Ирыстоны культурон фидæн РХИ премьер-министр Пухаты Эрикимæ фембæлды рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр фембæлд Хицауады хæдзары Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, Мариинаг театры æрыгон оперон зарæггæнджыты академийы, РЦИ-Аланийы оперæ æмæ балеты паддзахадон театры аивадон къухдариуæггæнæг Гергиты Ларисаимæ, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службæйы. Йæ къухдариуæгады бын республикæйы уагъд цæуынц "Галаты Борисы бонтæ".

Галаты Борисы бонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрбайгом сты "Галаты Борисы бонтæ"

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-ы минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ культурæйы министр Зассеты Жанна.

Хицауады сæрдар банысан кодта, Гергиты Ларисайы æрцыд Хуссар Ирыстонæн кæй у нысаниуæгджын цау æмæ загъта бузныг артисткæйæн, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæн цыдæриддæр аразы, уый тыххæй.

Гергиты Лариса радзырдта, куыд уыны музыкалон культурæйы размæцыд Ирыстоны.

"Ӕз нæ дих кæнын Ирыстоны хæйттыл æмæ мæ фæнды, цæмæй не 'нтыстджын проекттæ цæгаты – алыгъуызон фестивальтæ æмæ конкурстæ – адарддæр уой хуссары дæр", — бахахх кодта уый.

Гергиты Лариса ма загъта,иууыл ахсджиагдæр кæй у лæмбынæг хъусдард здахын курдиатджын фæсивæдмæ æмæ йын æхсæнадон æмвæзадыл размæцыдæн ахъаз кæнын, афтæмæй та Ирыстонмæ цымыдис æвзарын кæнын æмæ йын йæ авторитет культурон проектты фæрцы фидар кæнын.

"Ӕз разы дæн ахæм нывæзтты реализацийæн æххуыс кæныныл, мæ фæлтæрддзинадæй, бастдзинæдтæй æмæ Мариинаг театры фадæттæй спайда кæнгæйæ", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0