Къӕбысты Георгийы хъуыддаг: адвокат бахъаст кодта ахӕсты фӕдыл скъуыддзагыл

Рафыссын
Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты раздæры сæргълæууæг Къæбысты Георгийы æрцахст хæссарирыстойнаг æхсæнады ссис резонансон

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты раздæры сæргълæууæг Къæбысты Георгийы адвокаттæ Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтой хъаст Цхинвалы горӕттаг тæрхондоны рахæсгæ уынаффӕйы тыххæй. Къӕбысты Георгийы адвокат Елбакидзе Ирина фехъусын кодта Sputnik, разы кӕй нӕу тæрхондоны фӕндонимӕ, кæцымӕ гӕсгӕ Къæбысты Георгийæн адаргъ кодтой йӕ ахӕст иу мæйы ӕмгъуыдмӕ.

Къӕбысты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой бастдзинады раздӕры министр Къӕбысты Георгийы

Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты раздæры сæргълæууæг Къæбысты Георгийы æрцахст хуссарирыстойнаг æхсæнады ссис резонансон. Ацы цау расайдта егъау дискусситæ цæрджыты ʻхсæн æмæ социалон хызæгты. Къæбысты Георгийы ныхмæ прокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьямæ гæсгæ. Раздæр уал Къæбысты Георгий урæд æрцыд 48 сахатмæ, фæлæ фæстæдæр Цхинвалы горæттаг тæрхондон рахаста уынаффæ уымæн йæ ахæст ноджы иу мæй адарддæр кæныны фæдыл.

"Мах бахастам хъаст Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ, цыран хъусдард аздӕхтам, Къӕбысты Георгий фыццаг хатт кæй æрцыд уголовон хъуыддагмæ дæтт, ис ын бирæнымæц паддзахадон хорзӕхтӕ, æнахъом сабитæ æмæ æппынæдзух цæры иу бынаты. Ӕппæт уыцы факттӕ хынцгæйæ гæнæн уыд æндæр, фӕлмӕндӕр уынаффæ рахæссын. Нæ хъаст ныридæгæн ис Уæлдæр тæрхондоны, уымӕ ӕркӕсынмӕ сын ис ӕртӕ боны", — загъта адвокат.

Уый ма банысан кодта, Къæбысты Георгийы ныхмæ хъуыддаг конд кӕй ӕрцыд Почтӕйы раздæры хистæр Коцты Валерийы куырдиатмæ гæсгæ.

"Уголовон хъуыддаджы тыххӕй бæстондæрæй нырма мæ бон зæгъын ницы у, уыдоныл дзурдзыстæм тæрхондоны рабадты рæстæджы. Георгийӕн нырма азым нӕ рахастой, уый цӕуы куыд "зӕрдӕхсайгӕ", — банысан кодта адвокат.

Слестгӕнӕн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бастдзинады экс-министр Къӕбысты Георгийы ахӕст адарддӕр кодтой ноджы иу мӕй

Горæты тæрхондоны сӕрдар Козаты Зӕринӕ, кæцы рахаста уынаффæ Къæбысты Георгийы иу мæйы æмгъуыдмæ ахӕстоны бакӕнын, Sputnik-æн ацы скъуыддзаджы фæдыл комментаритæ раттын не ʻсразы ис. Sputnik уацхӕссӕджы фарстӕн, ома Къӕбысты Георгийы бирæнымæц хорзӕхтӕ, ӕнахъом сабитӕ ӕмӕ паддзахадон бӕрнон куыст хынцгӕйӕ, уымӕн иу мӕйы ӕмгъуыдмӕ ахӕстон аскъуыддзаг кӕнын иунӕг ӕмбӕлгӕ уынаффӕ уыд, Козаты Зӕринӕ загъта:

"Кӕд ӕз мӕ барамындӕй афтӕ аскъуыддзаг кодтон, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ у".

Социалон хызæг Facebook Кæбысты Георгиййы æввахс адæм æмæ хæлæрттæ сарæзтой йæ фарсхæцджыты къорд, цы ран мыхуыр кæнынц хъуыдаджы фæдыл æппæт æрмæг. Ам сæвæрдтой Георгийы хо Аннайы куырдиат Хуссар Ирыстоны Генералон прокурормæ, цы ран уый хъусдард æздахы "процессуалон фæткхалды цаутæм йе ʻфсымæры æрурæды ӕмӕ фӕстӕдӕр ахӕстоны дарыны рӕстӕджы".

Генералон прокуратурæйы банысан кодтой, амæй размæ цы хъусинаг сарæзтой, уымæй уæлдай кӕй ницыуал дзурынц нырма ацы хъуыддаджы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0