Бибылты Анатолий: Хуссар Иры æмбæстæгтæн фæрогдæр кæндзысты æмбæстагады райст

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе цæттæ кæнынц документ, кæцымæ гæсгæ ирæттæн фæрогдæр уыдзæн УФ-йы æмбæстагады райст

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Цхинвал æмæ Мæскуы кæй цæттæ кæнынц сразыдзинад, кæцы фæрогдæр кæндзæн хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн УФ-йы æмбæстагад райсыны процедурæ, хъусын кæны РИА Новости.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Хуссар Иры æмбæстæгтæн фæрогдæр кæндзысты æмбæстагады райст

"Абоны бон ма нæ паддзахадон министрæдтæ æмæ ведомствæты ис ноджы цалдæр серьезон сразыдзинæдтæ, кæцытæ æрцæудзысты бафыст. Уыдон агайынц УФ-йы æмбæстагад райсыны процедурæ фæрогдæр кæнын, афтæ ма УФ-йы территорийыл æнæ арæнæвæрдæй уæвын. Тынг бирæ сразыдзинæдтæ здæхт сты Республикæ Хусссар Ирыстоны социалон-экономикон къабазы райрæзтмæ", — загъта Бибылты Анатолий Владимир Путинимæ бадзырдтæн фæстиуджытæ аразгæйæ.

Хуссар Ирыстоны президент дыццæджы фембæлд уæрæсейаг коллегæимæ УФ-мæ йæ официалон визиты фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0