Фыццæгтæ Иры: цхинвайлаг боксертæ æрхастой 11 сыгъзæрин майдан Дзæуджыхъæуæй

© Sputnik / Наталья АйриянБокс
Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иумæйаг командон хыгъды бæрæггæнæнтæм гæсгæ цхинвайлаг боксертæ райстой уæлахиздзауы кубок

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг боксертæ æрæздæхтысты Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы призтыл гом турнирæй уæлахиздзауы кубокимæ. Ерысты Хуссар Иры кад хъахъхъæдтой Цхинвалы æппæт секциты тыхджындæр боксертæ æмæ æмткæй бæстæйæн æрхастой 11 сыгъзæрин майдан æмæ фыццаг командæйон бынат.

Иууыл стырдæр къорд акодтой спорты галуан "Олимп"-ы секцийы минæвæрттæ. Уыдон турниры архайдтой фарастæй æмæ дзы æхсæз бацахстой фыццаг бынæттæ. Уæлахиздзауты номхыгъды сты: Коцты Георгий, Гæбæраты Дауыт, Цхуырбаты Александр, Дженыкъаты Ричард, Ӕлборты Сослан æмæ Бестауты Аслан.

"6 сыгъзæрин майданы æрхастой нæ хъомылгæнинæгтæ. Хъыгагæн, тæрхонгæнджытæ карз ахаст равдыстой Гæджиты Эндрикмæ æмæ йæ фыццаг бынатæй рацух кодтой. Ацы ерысты ма сфæлвæрдтам Гаглойты Аланæйы, уый кæд уæлахиздзау неʻссис, уæддæр хорз тæлмæнтæ ныууагъта боксы фадыджы специалисттыл", — фехъусын кодта Sputnik тренер Гæбæраты Гамлет.

Дыууæ майданæй ма баххæст кодтой иумæйаг хыгъд сывæллæтты æмæ боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Тренер Плиты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, ацы уæлахиздзаутæ ныр та стох кæндзысты Цæгат Ирыстоны фыццагады декабры.

© Sputnik / Плиты Азæмæты архивæй къамБоксы турниры уæлахиздзаутæ
Боксы турниры уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы турниры уæлахиздзаутæ

"Турнир цы кары спортсменты хсæн цыд, уым равзæрстам иууыл цæттæдæр фæсивæды. Къæбысты Георгий æмæ Джиоты Арсен нын нæ ныфс нæ фæсайдтой æмæ бацахстой фыццаг бынæттæ. 11 декабры цæудзæн Цæгат Ирыстон – Аланийы фыццагад æмæ уырдæм акæндзыстæм нæ уæлахиздзауты æмæ ма ардыгæй уæдмæ хорз бæрæггæнæнтæ цы лæппутæ равдисой, уыдоны", —загъта тренер Плиты Азæмæт.

Цхинвайлæгты æнтыст æртæ майданæй баххæст кодта тренер Дзигойты Ацæмæзы къорд. Йæ æнтыстджындæр хъомылгæнинæгтæй иу — Гæджиты Гурам рамбылдта йæ радон сыгъзæрин.

"Рæсугъд тохтæ равдыстой мæ боксертæ, баззадтæн сæ райгондæй. Гæджиты Гурамæн та хорз традици у æппæт турнирты æмбулын æмæ та ныр дæр ссис фыццаг. Уый нырмæ иу хæрд дæр никуы фæцис — ис йын 25 сыгъзæрин майдан. Ноджы фæйнæ сыгъзæрин та рамбылдтой Кокойты Аслан æмæ Владимир", — загъта Sputnik Дзигойты Ацæмæз.

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæй къамДзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамимæ
Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинаг  Гæджиты Гурамимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамимæ

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы призтыл гом турниры тохтæ цыдысты цыппар боны дæргъы. Ерысты архайдтой 200 боксеры онг Ирыстоны æппæт къуымтæй. Иумæйаг командон хыгъды цхинвайлæгтæ бацахстой фыццаг бынат, дыккаг райста беслæйнаг клуб "Скиф" æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд дзæуджыхъæуккаг клуб "Аллон".

Ног хабӕртты лентӕ
0