Цхинвалы цӕрӕг зиан ӕрхаста Згъудеры аргъуанӕн

© Sputnik / Ада БагианЗгудерская церковь
Згудерская церковь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнӕджы ӕрурӕдтой, уый басаст йӕ рӕдыдыл

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрурӕдтой 22-аздзыд Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцы уыд зӕрдӕхсайгӕ кувӕндоны дӕрӕн кӕныны хъуыддаджы, хъусын кӕны ХИ МХМ пресс-службӕ.

"Инцидент рцыд 19 ноябрӕй 20-мӕ Згъудеры уӕвӕг Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кувӕндоны, кӕцы ис горӕты уӕлмӕрды территорийыл ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Мидхъуыддӕгты министрады управленийы хистӕр Мӕргъиты Уырызмӕг радзырдта, милицимӕ  кӕй ӕрбацыд аргъуаны моладзанӕй куырдиат, цы ран фехъусын кодта ӕбӕрӕг адӕм кӕй ныддӕрӕн кодтой аргъуан, ныцъӕл кодта уазнывтӕ.

Фыдгӕнӕг басаст йӕ рӕдыдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0