Уæлдæр тæрхонгæнæг: адæмы æнæууæнк хъуамæ асæттæм быныл

© Пресс-служба президента РЮОУæлдæр тæрхондон
Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент загъта, Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты бавдыст нæ ныффæстиад уыдзæн

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Парламенты закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты раздæры сæргълæууæг Коцты Олеся ивгъуыд къуыри парламент снысан кодта Уæлдæр тæрхондоны (УТ) сæрдарæй президенты бавдыстмæ гæсгæ. УТ коллективæн Коцты Олесяйы базонгæ кодта президент Бибылты Анатолий.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзӕрстой Уæлдæр тæрхондоны ног сæргълæууæджы

"Ӕз афтæ нæ зæгъын, сымах зылын тæрхонтæ хæссут, фæлæ ис тæрхондоны уынаффæтæй æнæразыдзинад æмæ махæн бар нæй уый ныууадзын æнæхъусдард. Тæрхондоны системæ реорганизацийы фарстытæ уын зонгæ сты, УТ тæрхонгæнджыты снысан кæнын нæ ныффæстиад уыдзæн – ацы мæйы кæрон, науæд та аннæ мæйы райдийаны. Мæн тынг фæнды, цæмæй дарддæр уæ куысты æнцой кæнат законыл. Уырны мæ, тæрхонгæнджытæм ахаст аивдзæн. Ыз æууæндын сымахыл æмæ Коцты Олесяйыл æмæ мæ уырны, иумæ нын æппæт дæр бантысдзæн", — загъта президент.

УТ коллективæн уый загъта, кæй никуы æндæвта тæрхондоны уынаффæтыл æмæ дарддæр дæр нæ фæнд кæны уый аразын.

Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлдæр тæрхондоны радзырдтой, Хуыгаты Илона цæмæн бадæтта отставкæмæ

Бибылты Анатолий ма бафтыдта, азы кæронмæ фæнд кæнынц саразын Конституцион тæрхондон, "кæцы æркæсдзæн Конституци æмæ законты æнæбæрдзинады бирæнымæц фарстытæм".

УТ ног сæргълæууæг бузынг загъта президентæн йеʻууæнкы тыххæй, кæцы йыл æвæры стыр бæрн.

Реформæтыл дзургæйæ, Коцты Олеся банысан кодта, уыдон æрмæст ном хъуамæ ма хæссой, фæлæ сын уа нысаниуæг.

"Иу адæймагæн ницы бантысдзæн саразын æмæ мæ коллегæтæй ис ныфс. Адæмы æнæууæнк хъуамæ асæттæм быныл", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0