"BEKOEV"-ы "Дыккаг уарзт" рацыд Санкт- Петербурджы модæйы къуырийы

© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Модельер йе 'ртыккаг коллекцимæ фæнд кæны бафтауын нæлгоймаджы дарæс дæр

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг модельер Бекъойты Хох бавдыста йæ дыккаг коллекци — уалдзæг-сæрд 2018 "Дыккаг уарзт" Санкт- Петербурджы модæйы къуыри "Neva Fashion Week"-ы. Ӕхсæнадæмон равдысты подиумы разындысты "BEKOEV"-ы дзаумайæ 20 "look"-ы.

Бекъойты Хох - Sputnik Хуссар Ирыстон
"BEKOEV" райста дыккаг бынат æвзонг дизайнерты æхсæнадæмон конкурсы

Курдиатджын дизайнер-модельер Бекъойты Хох модæйы дунемæ йæ фæндаг райдыдта ивгъуыд азы. Фыццаг фæлварæнтæ йын рауадысты æнтысджын æмæ азы радайæны Цхинвалы ацыд йæ фыццаг коллекцийы равдыст.

Уый фæстæ хайад райста уæрæсейаг равдыстыты.

Дзаума хуыйынмæ цымыдисон ахаст бирæты зæрдæтæ балхæны æмæ дизайнер алы равдысты дæр райсы ног хуынды гæххæттытæ.

"Тынг цымыдисон модæйы къуыри уыд, архайдтой дзы дизайнертæ Белорусси, Украина æмæ Уæрæсейы горæттæй. Бузныгæй баззадтæн президент Бибылты Анатолийæ, уый фæрцы афтыдтæн ацы равдыстмæ. Ам фыццаг уæрæх аудиторийæн бавдыстон мæ дыккаг коллекци "Дыккаг уарзт". Ныридæгæн кусын иунæгæй æмæ ацы 20 фæлыст дзаума мæхæдæг бахуыдтон иу мæйы æмгъуыдмæ", — дзуры Хох.

Коллекци "Дыккаг уарзт" арæзт æрцыд бур, урс æмæ æрвгъуыз хъуымæцтæй. Ам мастер фыццаг хатт спайда кодта "эбру" техникæйæ æмæ радта хъуымацæн хъулон хуыз. Хоны йæ пляжон дарæс, кæцы дарæн ис бындурон гардеробимæ æрвылбонон царды дæр. Бекъойты Хох йæхæдæг хуыздæрыл нымайы дыккаг коллекци æмæ ныр та хъуыды кæны æртыккагыл.

© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
Бекойты Хохы ног коллекци
© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7
Бекойты Хохы ног коллекци
© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/7
Бекойты Хохы ног коллекци
© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/7
Бекойты Хохы ног коллекци
© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/7
Бекойты Хохы ног коллекци
© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/7
Бекойты Хохы ног коллекци
© Sputnik / Наталья АйриянБекойты Хохы ног коллекци
Бекойты Хохы ног коллекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/7
Бекойты Хохы ног коллекци
1/7
Бекойты Хохы ног коллекци
2/7
Бекойты Хохы ног коллекци
3/7
Бекойты Хохы ног коллекци
4/7
Бекойты Хохы ног коллекци
5/7
Бекойты Хохы ног коллекци
6/7
Бекойты Хохы ног коллекци
7/7
Бекойты Хохы ног коллекци

"Дыккаг уарзтæй уымæн схуыдтон æмæ гъæдджындæр æмæ хуыздæр у, куыд дыккаг уарзондзинад вæййы тыхджындæр æмæ фидардæр, афтæ. Чысыл баулæфон æмæ райдайдзæн хуыйын радон коллекци. Коллекци зымæг-уалдзæджы уыдзæн нæлгоймаджы дарæс дæр", — ныфс дæтты модельер.

Хох Бекоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бренд "BEKOEV" рахызт подиуммæ

Уый ма банысан кодта, радон коллекцийы кæй спайда кæндзæн йæхи сæрмагонд хъуымацæй.

"Мæскуыйаг хуыйæн фабрикæ мын лæвар кæны 30 метры "BEKOEV"-ы сæрмагод хъуымац рауадзыны фадат. Хъавын æртæ дих йæ ныккæнын æмæ æртæ хуыз хъуымац рауадзын. Ныридæгæн ын хъуыды кæнын сæ хуызтыл. Ацы æрмæгæй хуыд уыдзæн ме 'ртыкаг коллекцийы иу хай, — загъта уый.

Модельер-дизайнер йæхæдæг нырма европæйаг бренды дарæсы цæуы, фæлæ ныфс дæтты, фæстæдæр йæхæдæг дæр скæндзæн "BEKOEV"-ы дзаума.

Ног хабӕртты лентӕ
0