Бӕрӕгбон сабитӕн: Театр цæттæ кæны ногазон аргъау "Хъилхъус æмæ зæбулхъус"

© Sputnik / Наталья АйриянСабиты хъахъхъӕныны бон
Сабиты хъахъхъӕныны бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзонг режиссер Хъотайты Сӕрмӕты аргъауы бынат уыдзæн ногазон диссæгтæн, митуард æмæ хорздзинады уæлахизӕн æвзæрдзинадыл

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театр цӕттӕ кӕны сабитӕн ногазон лӕвар – аргъау "Хъилхъус æмæ зæбулхъус". Ӕвзонг режиссер Хъотайты Сӕрмӕты куыст чысыл кӕсджытӕ фендзысты Ног азы хӕдразмӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕвӕрӕг-режиссер.

Сцена из спектакля Кошка которая гуляет сама по себе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг театры труппӕ ӕвӕры сабитӕн ног аргъау "Тæрхъусы амонд"

Спектаклы архайынц куыд Ирыстоны сгуыхт артисттӕ – Таугазты Дзерассӕ, Мӕргъиты Инга ӕмӕ Наниты Виталий, афтӕ ма театры ног фӕлтӕр Бекъойты Зӕринӕ ӕмӕ Цоциты Андрей. Аргъау уыдзӕн ӕвзонг режиссерӕн йӕ дыккаг куыст дипломон комеди "Ӕфсин"-ы фӕстӕ.

"Театры репертуары нӕй аргъӕуттӕ иууыл чысыл сабитӕн, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтой аргъау сӕвӕрын. "Хъилхъус æмæ зæбулхъус" уыдзӕн райдзаст ногазон аргъау, кӕцыйы кӕрон хорздзинад тых кӕны ӕвзӕрдзинадыл. Аргъауы кӕд ӕвдыст цӕуы цӕрӕгойты дуне, уӕддӕр фӕлхатт кӕны адӕмы дуне йӕ ӕвӕрццаг ӕмӕ ӕппӕрццаг фӕзындтимӕ", — загъта режиссер.

Аргъауӕн "Хъилхъус æмæ зæбулхъус" нырма у кусӕгон ном, фӕстӕдӕр ын ӕй чизоны фӕивой. Йӕ сценарий йын режиссер ныффыста зынгӕ ирон фысджытӕ Уанеты Владимиры "Фаззæттæ" ӕмӕ Дзугаты Георгийы "Хуры байзæттаг"-ы бындурыл.

"Ирон литературӕйы цъус ис пьесӕтӕ сывӕллӕттӕн. Ӕз бакастӕн Уанеты Владимир ӕмӕ Дзугаты Георгийы аргъӕуттӕ, фӕлӕ уыдон нымад сты хистӕр кары сывӕллӕттӕн, уымӕ гӕсгӕ уыдон бындурыл ныффыстон чысыл сабитӕн аргъауы сценарий", — бафтыдта Сӕрмӕт.

Уый ма радзырдта, труппӕйӕ дарддӕр ма аргъауыл кӕй кусынц нывгӕнджытӕ, музыканттӕ ӕмӕ хореографтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0