Джиоты Мурæт радзырдта, Цхинвал цæмæ æнхъæлмæ кæсы Женевæйы фембæлдæй

© Sputnik / Ада БагианДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женеваг дискусситы радон раунд уагъд цæудзæн 12-13 декабры, хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууы президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ныфс ис, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женеваг дискусситы рæстæджы Гуырдзыстонимæ бафыст кæй æрцæудзæн республикæйы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны документ, фехъусын кодта фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт, кæцыйы ныхæстæ хъусын кæны РИА Новости.

Женевæйы дыццæджы райдыдта женеваг форматы хайадисджыты радон фембæлд, раунд адарддæр уыдзæн æртыццæджы дæр. Республикæйы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны документ бафыссыныл уынаффæтæ цæуынц ныр цалдæр азы, фæлæ æнæфæстиуджытæй.

"Ахæм сразыдзинадыл куысты рæстæджы мах нымайæм ахсджиагыл женеваг дискусситы хайадисджыты иумæйаг уынаффæйы райст тыхæй ма спайда кæныны фæдыл. Ныфс нæ ис, райсом ацы иумæйаг уынаффæ кæй æрцæудзæн бафыст. Уый уаид хорз къахдзæф", — загъта Джиоты Мурæт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иумæйаг уынаффæйы текстыл куыст цæуы цалдæр раунды дæргъы, бындурон текст ныридæгæн у цæттæ.

"Гуырдзыстон алыгъуызонæй архайы ацы текстмæ бахæссын ахæм позицитæ, кæцытæ сты æнæрайсинаг аннæ хайадисджытæн. Зæгъæм, "æдæсдзинады æхсæнадæмон мадзæлтты фæдыл", се ′мбырынадмæ гæсгæ та уый у цавæрдæр æртыккаг æхсæнадæмон тыхты уæвынад нæ регионы", — загъта Джиоты Мурæт.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0