Цхинвалы кастысты Цветаевайы æмдзæвгæтæ иронау

© Sputnik / Диана ВалиеваМаринf Цветаевfqs изӕр
Маринf Цветаевfqs изӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Поэты сфæлдыстадæн нывонд литературон изæр ацыд Цветаевайы райгуырдыл 125 азы цытæн

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Уæрæсейаг поэт Марина Цветаевайы уæззау хъысмæт ссис литературон-музыкалон изæры темæ, кæцы ацыд дыццæджы Хуссар Ирыстоны фæсивæдон библиотекæйы. Цхинвалы 6-æм скъола æмæ гимнази "Рухс"-ы ахуыргæнинæгтæ радзырдтой поэты царды тыххæй æмæ бакастысты йæ зындгонд уацмыстæ.

Бекъойты Майя - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты фыссæг: сабиты хъæуынц аргъæуттæ ирон æвзагыл

Ралæудты æхсæнты зæлыдысты Цветаевайы ныхæстыл фыст лирикон зарджытæ. Авторы æмдзæвгæтæй дарддæр ма скъолаты ахуыргæнинæгтæ бакастысты ирон æвзагмæ тæлмац поэты æмдзæвгæтæ.

Изæры архайджытæ базонгæ кодтой кæсджыты поэты уæззау хъысмæт æмæ сфæлдыстадимæ, кастысты скъуыддзæгтæ йæ биографийæ.

Изæрмæ хуынд æрцыдысты ахуыргæнджытæ, афтæ ма Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульетта, кæцы раарфæ кодта хайадисджытæн ахæм рæсугъд изæры тыххæй.

"Абон мах ам æрæмбырд кодта Марина Цветаевайы сфæлдыстадмæ уарзондзинад æмæ цыткæнынад. Ахæм мадзæлттæ тынг ахсджиаг æмæ пайдахæссæг сты рæзгæ фæлтæры монон хъомыладæн", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0