Бибылты Анатолий кадрон резерв саразыны тыххæй: æнæбаивгæ адæм нæй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры президент Бибылты Анатолий
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ауагъта æмбырд кадрон резерв саразыны фæдыл, цы ран банысан æрцыдысты куысты цыппар æнæмæнгхъæуæг фæдыздæхты

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий æмæ Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПӔ) бæстæтимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы хистæры хæдивæг Денис Травины фембæлды рæстæджы ныхас цыд республикæйы кадрон резервы арæзтады тыххæй. Рабадты ма хайад райстой президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь æмæ РХИ хицауады аппараты къухдариуæггæнæджы хæдивæг Мæрзойты Элина, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны аразынц кадрон резерв

Мæрзойты Элина банысан кодта, "ныртæккæ кадрон резерв арæзт кæй цæуы активонæй, æрвылбон æрбацæуынц специалисттæ, æрбахæссынц сæ резюме, стыр цымыдис кæнынц резервы хайад райсынмæ ведомствæтæ, кæцытæ æййафынц хъуагдзинад квалификацигонд кадрты".

Президент бахахх кодта, резервы сырæзтимæ "Хуссар Ирыстоны кæрон кæй хъуамæ æрцæуа ахæм æмбарынадæн, куыд кадрты хъуагдзинад".

"Нӕй ӕнӕбаивгӕ адӕм. Сом мах иууылдӕр хъуамӕ раивой ӕвзонг, активон адӕм. Хъӕуы лӕмбынӕг сахуыр кӕнын кадрон резервӕн алкӕцы кандидатурӕйы дӕр, специалистты профессионалон ӕмӕ хисӕрмагонд миниуджытӕ. Афтӕ ма сын хъӕуы саразын фадӕттӕ ног зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад райсынӕн, бынаты ӕмӕ Уӕрӕсейы практикӕ рацӕуынӕн. Уӕд ӕвзонг специалисттӕ хайад исдзысты республикӕйӕн разамынад дӕттыны", — банысан кодта президент.

Денис Травин банхъардта кадрон резервы куысты цыппар фӕдыздӕхты.

"Фыццаг – ахуыр Адӕмон хӕдзарад ӕмӕ паддзахадон службӕйы уӕрӕсейаг академийы. Уыимӕ ахуыр хъуамӕ цӕуа сӕрмагонд программӕмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны цӕмӕй ис спайдагӕнӕн, ахӕм дӕнцӕгтӕм гӕсгӕ. Дыккаг – уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнджытӕ, кӕцытӕ абон кусынц Хуссар Иры, хъуамӕ дих кӕной сӕ фӕлтӕрддзинад ӕвзонг специалисттимӕ, уымӕ ӕмӕ уыдон республикӕйы рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ сӕ тагъд хъуамӕ раивой "резервисттӕ". Ӕртыккаг ӕмӕ цаппӕрӕм здӕхт – уӕрӕсейаг хицауады органты практикӕ ӕмӕ стажировкӕ Уӕрӕсейы регионты", — загьта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0