Бамбарӕм кӕрӕдзи

Рафыссын
Стӕм адӕймӕгтӕ сӕ хъус ӕрдарынц, ӕмӕ Ирыстоны дыууӕ хайы – Цӕгат ӕмӕ Хуссары уыцы иу предметтӕ, фӕзындтӕ, архӕйдтытӕ нысан кӕй цӕуынц хицӕн ӕмӕ хицӕн дзырдтӕй.

Фӕстаг рӕстӕджы та ирон ӕвзаг фидар кӕны йӕ позицитӕ, фӕсивӕд тынгӕй тынгдӕр цымыдис кӕнынц сӕ мадӕлон ӕвзаджы хиӕдтӕ ӕмӕ ратӕдзӕнтӕ сахуыр кӕнынмӕ. Кӕд бынтон ӕрӕджы дӕр ахуыргӕндтӕ фӕдисы хъӕр кодтой, ома ирон ӕвзаг сӕфы, уӕд та ныр фӕзындис ныфс, кӕй сӕндидздзӕн, сфидар уыдзӕн ӕмӕ зӕлдзӕн ӕнустӕм.

Мадӕлон ӕвзагмӕ ис стыр хъусдард хицауады ӕрдыгӕй дӕр — арӕзт цӕуынц алыгъуызон программӕтӕ, нывӕзтытӕ, мыхуыры цӕуынц чингуытӕ ӕмӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕджытӕ.

Уыимӕ иумӕ, стӕм адӕймӕгтӕ сӕ хъус ӕрдарынц, ӕмӕ Ирыстоны дыууӕ хайы — Цӕгат ӕмӕ Хуссары уыцы иу предметтӕ, фӕзындтӕ, архӕйдтытӕ нысан кӕй цӕуынц хицӕн ӕмӕ хицӕн дзырдтӕй. Зӕгъӕм, Цӕгат Ирыстоны нӕ фехъусдзынӕ "кӕрдзын", "хӕбизджын", Хуссары та — "дзул", "уӕлибӕх". Бӕстондӕрӕй — нӕ радон инфографикӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0