Фыссӕг "Горский" – майор Чехойты Александр

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлександр Шавлохов-автор книги "Комната портретов"
Александр Шавлохов-автор книги Комната портретов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ацыд фыссӕг ӕмӕ ӕмрӕстӕджы мидхъуыддӕгты министрады кусӕг, майор Чехойты Александры поэтикон æмбырдгонд "Комната портретов"-ы презентаци. Поэтæн ацы рауагъд у йæ фыццаг чиныг æмæ йæм бахаста уырыссаг æвзагыл фыст æмдзæвгæтæй 200 фылдæр. Йӕ чиныджы, афтӕ ма йе сфæлдыстадон фæндагы тыххӕй поэт радзырдта йæ интервьюйы Sputnik.

Ӕмбырдгонды хицӕн сæргæндтæй бакæсæн ис Беслæны трагедийæн нывонд, 90-æм æзты Хуссар Ирыстоны уæззау æзтыл, 2008 азы хæстон цаутæ æмæ бирæ æндæр темæтыл фыст æмдзæвгæтæ. Чиныг "Комната портретов" мыхуыр æрцыд парти "Иугонд Ирыстон" — ы раздзог Бибылты Анатолийы спонсорон æххуысы фæрцы.

Поэтӕн ма ирон æвзагыл дӕр ис фыст æмдзæвгæтæ, уыдонӕй зындгонд вокалисттæ скодтой зарджытæ. Беслæны традедийæн нывонд æмдзæвгæ "Белые ангелы"-йӕ рæнхъытæ та фыст æрцыдысты ацы бæллæхы амæттæгты цыртыл Санкт- Петербурджы.

Чехойты Александр ныридӕгӕн кусы Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты структурæйы информацион къабазы, ивгъуыд æзты йæ профессионалон архайд уыд РЦИ-А наркотикон буарӕдты ныхмæ тох кæныны æмæ хъалонты службæты.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЧехойты Александры поэтикон æмбырдгонд "Комната портретов"-ы презентаци Цхинвалы
Александр Чехоев — автор книги Комната портретов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чехойты Александры поэтикон æмбырдгонд "Комната портретов"-ы презентаци Цхинвалы
Кæд райдыдтай фысын Дæ фыццаг æмдзæвгæтæ?

— Фыццаг æмдзæвгæ ныффыстон 1987 æзы. Уæд уыд вазыгджын, рацарæзты рæстæг, бæстæ пырх кодта. Мæ алыварс цæугæ хабæрттæ мæ сразæнгард кодтой сис æмæ гæххæтт райсынмæ. Уый фæстæ та Хуссар Иры æркодта уæззау хæстон рæстæг æмæ уый дæр ме сфæлдыстадыл ныууагъта стыр фæд. Уыцы рæстæджыты нӕ музыкæйы, нывкæнынады æмæ сфæлдыстады хицӕн ӕмӕ хицӕн хуызты фæзынд сӕрмагонд здӕхӕн, кæцы нывонд у хæстæн.

— Цы дæ разæнгард кæны æмдзæвгæтæ фыссынмæ?

— Цæмæн фыссы нывгæнæг, скульптор цӕмӕн фæлдисы цырт? Фæзыны ахæм зæрдæйы уаг, мæ бон æй бамбарын кæнын нæу. Бирæтæ куыд фæзæгъынц — ныффыс, стæй сæ басудз, науæд сæ ныскъуыдтæ кӕн, науæд та æрдæгфыстæй дæ музӕ фæлидза — мæнæн ахӕм сфæлдыстадон хъизæмæрттæ нæ вæййы. Бавналын æмæ йæ ныффыссын, стæм хатт вæййы, цыдæр дзы куы рараст кæнын.

— Цы темӕтыл фыст сты Де ‘мдзæвгæты фылдæр хай?

— Æмбырдгонд дих у цалдæр циклыл. Чиныджы тынг бирæ ис нывонд æмдзæвгæтæ ахæм адæмæн, кæцытæ сæ хъуыддӕгтӕй, се ‘мбæстагон позицийæ, сæ хъайтардзинадæй разæнгард кæнынц мæн сфæлдыстадмæ. Ис дзы ивгъуыд ӕнусы 90-æм ӕмӕ 2008 ӕзты хæстон архайдтытыл фыст, Беслæны трагедийыл æмæ афтæ дарддæр.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЧехойты Александры поэтикон æмбырдгонд "Комната портретов"-ы презентаци Цхинвалы
Александр Чехоев-автор книги Комната портретов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чехойты Александры поэтикон æмбырдгонд "Комната портретов"-ы презентаци Цхинвалы

— Æрмæст уырыссаг æвзагыл фыссыс, ӕви дын ис ирон ӕвзагыл фыст уацмыстӕ дӕр?

— Ацы æмбырдгондмæ бахастон уырыссаг æвзагыл фыст æмдзæвгæтæ, уыдонӕн дæр се ʻппæт нæ, æрмæстдæр 200-йӕ чысыл фылдæр. Ис мын ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæтæ дӕр — иу 30 бæрц. Уыдонӕй бирӕтæй нӕ эстрадон архайджытӕ сарӕзтой зарджытæ. Ме ʻмдзæвгæтæй скодтой зарджытæ Харебаты Вадим, Хъазиты Казан, Ӕлборты Владимир æмæ æндæртæ. Сæ ʻхсæн 90-ӕм æзтыл фыст зындгонд зарæг "Ирæттæ размæ", кæцы сæххæст кодта Харебаты Вадим.

— Де ‘сфӕлдыстады ма стыр бынат ахсынц 2004 азы Беслæны æрцæугæ трагедийыд фыст уацмыстӕ…

— Уыцы бæллæх куы рцыд Беслæны, уæд куыстон Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæты. Ахæм адæймаг нæ баззад зӕххыл, ацы трагеди кæй зæрдæмæ нæ бахъардта. Уæд райгуырд ме ‘мдзæвгæ "Белые ангелы". Мæхæдæг æй бахастон æмæ йæ бакодтон Беслæны фыццæгӕм скъолайы спортивон залы къулыл. Уый фæстæ ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ фыст æрцыдысты, Беслæны амæттæгтæн Санкт-Петербурджы цы цырт сæвæрдтой, уый фарсыл.

— Ды фыссыс псевдоним "Горский"-йы бын, кæцæй райгуырд ацы ном?

— Мæ фыццаг æмдзæвгæтæ ма куы фыстон, уæд куыстон завод "Вибромашина"-йы. Ме ʻмкусджытæ хынджылæгæй дзырдтой, зæгъгæ, æппæт поэттæн дæр уыд псевдонимтæ æмæ ды дæр дæхицæн ном равзар. Иу ахæмы та ацы темӕмæ куы раздæхтысты, уæд хъуыстам радиомæ æмæ дзы уыцы рæстæджы зарæгæй райхъуыст ахæм ныхæстæ "горский парень…", æмæ уый хыгъд мæхи схуыдтон "Горский".

Ног хабӕртты лентӕ
0